филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:40 суббота, 04 мая 2024
19 июля 2023, 12:05
85 азы сæххæст зындгонд политикон архайæг Бирæгъты Юрийы райгуырдыл

Республикæйæн уæззаудæр рæстæджыты 1995-æм – 98-æм азты разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны хицауадæн

85 азы сæххæст зындгонд политикон архайæг Бирæгъты Юрийы райгуырдыл. Республикæйæн уæззаудæр рæстæджыты 1995-æм – 98-æм азты разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны хицауадæн. Кæддæриддæр йæ сæйраг хæсыл намадта адæмæн пайдайаг уæвын, бæрнондзинадæй ма тæрсын, стæй, фыццаджыдæр, йæхимæ домаг уæвын. Юрий йæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй хорзæхгонд æрцыди УФ-йы хицауады кады гæххæттытæй, Ирыстоны намысы майданæй, æмæ бирæ æндæр хæрзиуджытæй. Бирæгъты Юрий йæ цардæй ахицæн ацы аз апрелы. Йæ цард æмæ йæ хъысмæты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Зондамонæг хистæр, хиуылхæцт æмæ æргомзæрдæ адæймаг. Бирæгъты Юрийы адæм уарзтой æмæ йын аргъ кодтой йе нæхиндзинады тыххæй. Политикæйы йын æмбал нæ уыд, -зæгъы, Дедегкаты Виктор. Йæ ныхæстæм гæсгæ æдзух ис йæ мысинæгты. Хæлар ахастдзинæдтæ сын фæзынд куысты. Рæстæг куыд цыди, афтæ та хи хæстæджытау систы бинонтæй. Алы фарстайы дæр лæууыдысты кæрæдзийы фарсмæ. Дедегкаты Виктор æппæты ахсджиагдæр хъуыддæгтæ æууæндыд æрмæстдæр Бирæгъты Юрийыл.

Йæ куыст зыдта бæстонæй.Уыимæ арф хъуыдытыл хæст æмæ дардмæ уынæг. Ууыл ахуыр кодта, йæ дæлбар чи куыста, уыдоны дæр. Юрий бирæ фæсивæды ракодта царды уæрæх фæндагмæ. Бацæттæ кодта бирæ паддзахадон кусджыты. Ныртæккæ йын йæ хорз хъуыддæгтæ дарддæр царды æххæст кæнынц уыдон. Сæйрагдæр сты адæймаджы раст æмæ сыгъдæгзæрдæ æууæлтæ, уый фæстæ та профессионалонтæ. Уый уыди Бирæгъты Юрийы хъуыды.

Æппæты карздæр уавæрты дæр кæддæриддæр уыди хиуылхæцт. Йæ фæллойадон фæндагыл 60 азмæ куыста æмæ разамынд лæвæрдта бирæ рæтты. Конструкторон бюройы инженерæй  «Электроконтактор»-ы онг дæрзæг фæндаг ын йæ размæ байгом кодта бирæ гæнæнтæ. Юрий æртæ хатты æвзæрст æрцыди республикæйы уæлдæр советы депутатæй. Уый фæстæ та уыди хицауады сæрдар.  Фæлæ йын æппæты уæлдæр къæпхæнты дæр сæйрагдæр уыди адæмæн æххуыс кæнын.

90-æм азты райдиан Бирæгъты Юрий лыг кодта нациты хсæн ахастдзинæдты сæйрагдæр фарстатæ. Йæ хæлæртты мысинæгтæм гæсгæ арæх дзырдта, кæд алы хæдзæртты цæрæм, уæддæр уый ууыл дзурæг нæу, æмæ алы адæмты хæттытæ стæм. Мах, республикæйы цæрджытæ стæм иу адæм, иу бындур æмæ иу историимæ. Юрий адæмы хсæн парахат кодта патриотизм, ахуыр кодта лæгдзинадыл æмæ кæстæрты зæрдæты гуырын кодта фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Ацы куысты ахадындзинад йæ кæстæр æмкусджытæ æнкъарынц абон дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania