27 августа 2026, 10:32
Абхазы æнтыстджынæй ацыдысты Тæбæхсæуты Балойы номыл академион театры гастрольтæ
Рон театры артисттæ равдыстой 3 спектаклы: «Гæздæнтæ», «Демон» æмæ «Отелло»
Абхазы æнтыстджынæй ацыдысты Тæбæхсæуты Балойы номыл академион театры гастрольтæ. Рон театры артисттæ равдыстой 3 спектаклы: «Гæздæнтæ», «Демон» æмæ «Отелло». Абхазаг аивадуарзджытæ алы равдыстыл дæр сæмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ. æппæт билеттæ дæр ауæй сты. Ацы гастрольтæ сты дзуаппдæттæн. Февралы Цæгат Ирыстоны паддзахадон театр суазæг кодта Самсон Чанбæйы номыл драмон театры труппæ. Равдыстой цалдæр спектаклы. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Ирон театр гастрольтимæ Абхазы фыццаг хатт уыд 50 азы размæ. æмæ ныр актерты ног фæлтæр дарддæр хæццæ кæны æфсымæрон республикæимæ бастдзинад.




