филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:56 понедельник, 06 мая 2024
21 апреля 2022, 11:35
Абон 100 азы сæххæст Æгъуызарты Æхсарбеджы райгуырдыл

Советон фыссæг, сценарист, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг райгуырд Зджыды

Абон 100 азы сæххæст Æгъуызарты Æхсарбеджы райгуырдыл. Советон фыссæг, сценарист, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг райгуырд Зджыды. Йæ литературон архайд райдыдта ивгъуыд æнусы 50-йæм азты. Уыдис Советон Цæдисы фысджыты цæдисы уæлдæр литературон курсыты рауагъдон. 1959 азы мыхуыры рацыдис йæ роман Хурхæтæн. Уыцы уацмыс банымадтой ирон литературæйы тыгъдады ирд фæзындыл. Фыссæг цы фарстатæ раргом кодта, уыдон хъуыдыйаг сты абон дæр. 1980 азы Æгъуызарты Æхсарбег куыст фæцис чиныг Куырды фыртыл. Роман уайтагъд ссардта фæндаг чиныгкæсджыты зæрдæмæ. 1986 азы та рухс федта роман «Хæххон доны уынæр». Æгъуызарты Æхсарбег историйы баззад куыд Цæгат Ирыстоны киностудийы бындурæвæрæг. Куыд фæстæдæр, студи ссис Цæгат Кавказы кинематогрæфы центр. 1962-1963 азты Æгъуызарты Æхсарбег разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынады паддзахадон комитетæн. Уыцы рæстæг нæ республикæйы телеуынадæн фæзындис ног комулæфт. Абон Æгъуызарты Æхсарбеджы ном æрымысдзысты йæ иузæрдион хæлæрттæ æмæ æмкусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania