филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:47 понедельник, 02 ноября 2026
23 июля 2026, 10:28
Абон 120 азы æххæст кæны Цæгат Ирыстоны мыхуыры фыццаг дзыллон информацийы фæрæз мадæлон æвзагыл «Ирон газет» куы рацыд, ууыл

Рауагъдыл куыстой ирон интеллигенцийы ирддæр минæвæрттæ. Фæндтæ сæм бирæ уыд, фæлæ алыхуызон аххоссæгтæм гæсгæ рацыд æрмæст 9 номыры

Абон 120 азы æххæст кæны Цæгат Ирыстоны мыхуыры фыццаг дзыллон информацийы фæрæз мадæлон æвзагыл «Ирон газет» куы рацыд, ууыл. Рауагъдыл куыстой ирон интеллигенцийы ирддæр минæвæрттæ. Фæндтæ сæм бирæ уыд, фæлæ алыхуызон аххоссæгтæм гæсгæ рацыд æрмæст 9 номыры. «Ирон газет»-ы архайд кæд бирæ нæ ахаста, уæддæр стыр æвæрæн бахаста ирон журналистикæйы райрæзтмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

1906-æм 23-æм июль. Ацы бон æвæрд æрцыд бындур ирон журналистикæйæн. Рухс федта фыццаг дзыллон информацийы фæрæз мадæлон æвзагыл – «Ирон газет». Ацы папкæ Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты фондты ахсы сæрмагонд бынат. æмæ æндæрхуызон куыд? æмбырд дзы сты «Ирон газеты» се *ппæт номырты оригиналтæ. Цæмæй рухс фена, ууыл куыстой Ирыстоны интеллигенцийы ирддæр минæвæрттæ.

Бирæ фæндтæ сæм уыд – хъавыдысты газет уадзын æрвылбон стыр тиражæй. Хъуыддагыл афтæ нæ рауад. Сæрмагондæй фæрæзтæ кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ. Афтæмæй «Ирон газет» мыхуыры цыд къуыри 2 хатты – цыппæрæмы æмæ хуыцаубоны. Йæ тираж та уыд — 500 экземпляры. æрмыджытæ фыст уыдысты латинаг æмæ кириллаг дамгъæты æмхæццæйæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны газет парахат кодтой лæвар, иннæ рæтты та йæ аргъ уыд 2 сомы. Хъыгагæн, газеты цардвæндаг дæргъвæтин нæ разынд. Мыхуыры рацыд æрмæст 9 номеры.

Уый фæстæ ма уыд æндæр газеттæ æмæ журналтæ – «Ног цард», «Зонд», «æфсир» æмæ иннæтæ. Фæлæ уыдоны архайд дæр алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ бирæ нæ ахаста. Цалынмæ 1923-æм азы йæ куыст нæ райдыдта «Рæстдзинад». Сси республикæйы сæйраг хабархæссæг. Зындзинæдты сæрты хизгæйæ, кодта æнтыстджын къахдзæфтæ. Суанг ма Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дæр йæ архайд не рлæууыд. Уæдæ газеты кусджытæ дæр Райгуырæн зæхх хъахъхъæныны хъуыддагæй иуварс не рлæууыдысты. 18 адæймаджы ацыдысты фронтмæ, газеты сыфтыл та æрвылбон мыхуыргонд цыдысты хæстон хабæрттæ. Абон дæр газет æвзары зындзинæдтæ, зæгъы сæйраг редактор Фидараты Юрий. Нырыккон технологиты дуджы мыхуыры рауагъдæн интернет фæрæзтимæ конкуренци кæнын æнцон нæу. Фæлæ редакцийæн уый къухтæ æруадзыны æфсон нæу. Сæ уарзон газеткæсджыты зæрдæхудты нæ цæуынц.

Ахадгæйæ йæ куыст аразы «Мах дуг» дæр. Абон Цæгат Кавказы национ æвзагыл æрвылмæй æрмæст ацы литературон журнал цæуы мыхуыры. Йæ тираж у мин экземпляры. Стыр æвæрæн хæссы мадæлон æвзаг хъахъхъæныны æмæ литературон рæзты хъуыддагмæ. Ахæм уыдысты журналы нысантæ йæ райдианæй, æмæ уыцы традицитæ абон æнтыстджынæй хæццæ кæнынц.

«Ирон газет»-ы архайд кæд бирæ нæ ахаста, уæддæр радта импульс ирон журналистикæйы райрæзтæн. Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдар, Уæрæсейы журналистты Цæдисы уæнг Хозиты Барисы ныхæстæм гæсгæ, «Ирон газет» нырма фаг иртæст нæу. Йе *рмæджытæ ма абон дæр ахъаз сты журналистикæйы, литературæйы, историйы æмæ этнографийы къабæзтæн.

«Ирæф», «Ногдзау», «Слово», районы газеттæ. æппæт ацы рауагъдадттæ стыр æвæрæн хæссынц ирон адæмы сæйрагдæр хæзна – мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынмæ. Ацы хъуыддаджы æнæмæнг хицæн бынат ахсы радио æмæ телеуынынады архайд. Хабæрттæ, тематикон программæтæ, социалон роликтæ. Паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ фыццаг национ телекомпани «Осетия Ирыстон» республикæйы цæрджытæн дæттынц, ирон æвзагыл æрмæст кæсыны нæ, фæлæ ма мадæлон æвзаг хъусыны æмæ йыл æрмæджытæм кæсыны фадат дæр. Рæстæгимæ æмдзу кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ нæ уадзынц, 120 азы размæ «Ирон газет»-ы цæхæрæй цы арт ссыгъдис, уый ахуыссын кæнын.

Ныр 30 азы Хуссар Ирыстоны 23 июлы бæрæг кæнынц дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты бон. Цалдæр азы размæ Цæгат Ирыстоны журналистты Цæдис бахаста фæндон, цæмæй ам дæр уыцы бон нысангонд æрцæуа национ дзыллон информацийы фæрæзты боныл. Гæнæн ис, æмæ преми «Афæдзы журналист»-ы фыццаг лауреаттæн кад кæныны мадзалы – 23-æм июлы, ахæм уынаффæ хаст æрцæудзæн. Афтæмæй «Ирон газет»-ы равзæрды бон бындур сæвæрдзæн Ирыстонæн йæ Цæгат æмæ Хуссары медиа-æхсæнадты иудзинадæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania