филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:51 воскресенье, 05 мая 2024
21 февраля 2024, 10:39
Абон 90 азы сæххæст Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Беккуызарты Уарзетæйы райгуырдыл

Мæскуыйы театралон институт фæуыны фæстæ, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры сарæзта 200 фæлгонцæй фылдæр

Абон 90 азы сæххæст Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Беккуызарты Уарзетæйы райгуырдыл. Мæскуыйы театралон институт фæуыны фæстæ, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры сарæзта 200 фæлгонцæй фылдæр. Фæлæ нæ республикæйы цалдæр фæлтæры цæрджытæн Беккуызарты Уарзетæ æнустæм баззайдзæн Кадийæ, Хуыбецты Райæйы «Ныййарæджы кадæгæй». Курдиатджын актрисæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Тыхджын, хъæддых, рæстдзæвин æмæ æгæрон курдиатæй æххæст. Ахæм уыд Беккуызарты Уарзетæ царды дæр æмæ сценæйы дæр, уымæн æмæ сценæ уыд йæ цард. Йемæ кусын уыд стыр бæрнондзинад æмæ амонд, зæгъынц актертæ.

Цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдон абон дæр сты дæнцæг ног фæлтæры актертæн. Бирæ азты фæлæггад кодта ирон академион театрæн. Йæ абоны аивадон разамонæг Уалыты Гивийæн Уарзетæимæ сценæйы бакусын нæ бантыст, фæлæ уыд, райдайгæ актеры сфæлдыстадон цæстæнгас чи аивта, иу ахæм цау.

Беккуызарты Уарзетæ ахъазыд 200 ролæй фылдæр. Шекспиры «Дыууадæсæм æхсæвы» Виолæ, Саламты Къолайы «Дыууæ чындзæхсæвы» Уарзетæ, «Зæлийы чындзыты» æфсин… Театруарзджытæ никуы ферох кæндзысты Хуыбецты Райæйы «Ныййарæджы кадæгæй» Кадийы сурæт. Мады уарзондзинад æмæ хъизæмæрттæ куыд равдыста, уый алы адæймаджы зæрдæйы дæр арф фæд ныууагъта.

Уарзетæйæн бантыст йæ курдиат кинойы дæр раргом кæнын. Йæхи бавзæрста режиссеры хуызы дæр. Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæйы та амыдта актеры дæсныйад. Йæ ахуырдзауты ахуыр кодта ирон театры æвзагыл дзурын.

Беккуызарты Уарзетæйы алывæрсыг курдиатæн æмбæлгæ аргъ скæнын зын у. Фæлæ фидарæй зæгъæн ис, ирон театралон аивады историйы йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст кæй у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania