филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:15 воскресенье, 12 мая 2024
01 сентября 2023, 11:09
Абон Беслæны райдыдта æрвылазон вахтæ, 2004-æм азы террористон акты амæттæгты номыл

9 азы рацыд, фæлæ 1-æм сентябрь 2004-æм азæй фæстæмæ ирон адæмæн сси стыр хъыджы бон

Абон Беслæны райдыдта æрвылазон вахтæ, 2004-æм азы террористон акты амæттæгты номыл. 19 азы рацыд, фæлæ 1-æм сентябрь 2004-æм азæй фæстæмæ ирон адæмæн сси стыр хъыджы бон. Уымæн æмæ уæд æрцыд, уынгæ нæ, фæлæ адæймаг хъусгæ дæр кæй нæ фæкодта, ахæм уæззау цау. Террористтæ бацахстой Беслæны 1-æм астæуккаг скъола æмæ дзы аскъуыдтой 334 æнæаххос æмæ æнæазым адæймаджы царды. Номарæн вахтæ, куыд иннæ азты, афтæ ныр дæр цæуы æртæ боны. Адæм цæуынц дидинджытимæ æмæ мыдадзын цырæгътимæ.

Саударæн мадзæлттæ райдыдтой 9 сахатыл. 9 сахаты мæ 15 минутыл азæлдзæн дзæнгæрæг. 13 сахатыл та бынæттон культурæйы Галуаны арæзт æрцæудзæн пресс-конференци. Музыкалон скъолайы 15 сахаты æмæ 30 минутыл уыдзæн Италиаг флейтисткæ Моника Моронийы концерт. Изæры 8 сахатыл скъолайы кæрты ссуддзысты цырæгътæ. Дыккæгæм сентябры дæр адæм цæудзысты бынатмæ дидинджытимæ. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы дины кусджытæ скæндзысты литургия. Æртыккæгæм сентябры та Хуыцауы номыл литургия ацæудзæн 9 сахаты æмæ 30 минутæй 11 сахаты æмæ 30 минуты онг. 13 сахаты æмæ 5 минутыл саударæн церемони республикæйы æппæт районты. Минут æдзæмæй алæугæйæ, не ппæт дæр æрымысдзыстæм теракты амæттæгты рухс нæмттæ. Традицимæ гæсгæ арвмæ суаддзысты урс шартæ. 13 сахаты æмæ 20 минутыл райдайдзæн дзуæрттимæ цыд «Зæдты горæты» онг. «Хъыджы бæласы» цур сæвæрдзысты дидинджытæ æмæ веноктæ. Мысдзысты, йæ цард ратгæйæ, амынæты уæвджыты чи бахъахъхъæдта, уыцы дæлхайæдтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы службæгæнджыты. Изæры уыдзæн концерт-реквием, стæй уæд равдисдзысты киноныв.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania