06 июня 2026, 10:00
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Александр Пушкины райгуырæн бон æмæ уырыссаг æвзаджы бон
Уый кадæн мадзæлттæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы дæр
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Александр Пушкины райгуырæн бон æмæ уырыссаг æвзаджы бон. Уый кадæн мадзæлттæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы дæр. Традицимæ гæсгæ, Пушкины номыл скверы сæмбырд сты, нырыккон литературон æвзаджы бындурæвæрæгæн стыр аргъ чи кæны, уыдон, фысджытæ, хицаудзинады оргæнтæ, культурæйы æмæ ахуырады кусджытæ, скъоладзаутæ. Зындгонд поэты цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Мадзалы хъуыстысты Александр Пушкины æмдзæвгæтæ æмæ йæ уацмыстæй скъуыддзæгтæ.
темæмæ гæсгæ




