филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:02 суббота, 27 апреля 2024
19 мая 2022, 11:10
Адæмон фронты активисттæ горæты администрацийы минæвæрттимæ сарæзтой спортивон æмæ сывæллæтты хъазæн фæзты мониторинг

Ацы куыст фыццаг аз не *ххæст кæнынц

Æппæтуæрæсеон акци «Сывæллæтты æдасдзинад» æххæстгæнгæйæ, адæмон фронты активисттæ горæты администрацийы минæвæрттимæ сарæзтой спортивон æмæ сывæллæтты хъазæн фæзты мониторинг. Ацы куыст фыццаг аз не *ххæст кæнынц. Цавæр объекттæ сты базилинаг, æмæ ныридæгæн кæй саив кодтой, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Кæддæр ацы уæлцъар хъахъхъæдта алыхуызон цæфтæй. Ныр æдасдзинады домæнтæн дзуапп нал дæтты. Фæзынд дзы дзыхъхъытæ, футболон дуæрттæ сызмæлыдысты, нæй бырутæ – ахæм уавæры спортивон фæз ис 6-æм аз. Ныййарджытæ сæ сывæллæтты ардæм уадзын тæрсынц, фæлæ уыимæ районы æндæр хъазæн бынæттæ нæй. Цæрджытæ сæхи хъарутæй бацархайдтой фæз саив кæныныл, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд.

Цæрджытæй хъаст куы райстой, уæд адæмон фронты активисттæ æрбацыдысты бынатмæ горæты администрацийы минæвæрттимæ. Æркасты фæстæ специалисттæ скодтой хатдзæг, объект бындуронæй сцалцæг кæнын кæй хъæуы. Фæлæ ныртæккæ сывæллæтты фæзтæ цалцæг кæныны хайадæн ахæм фадат нæй.

Фарон ахæм фарстайы фæдыл адæмон фронты минæвæрттæ уыдысты Черняховскийы уынджы дæр. Уæд æхсæнадон змæлды фæсивæдон хайады активисттæ сæхæдæг сфидар кодтой бырутæ, уый фæстæ ацы хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кодтой дæсны специалисттæ. Ныр спортивон фæзы уавæрæй разы сты хистæртæ дæр, æмæ кæстæртæ дæр.

Владикавказскийы уынджы 55-æм хæдзары спортивон фæз дæр рагæй у цалцæггæнинаг. Фæлæ дзы уæддæр æдзухдæр вæййы бирæ сывæллæттæ. Ацы фарстамæ дæр æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ сæ хъус æрдардтой.

Спортивон фæзы раз сывæллæттæн цы хъазæн бынат ис, уый æрæджы цалцæггонд æрцыд. Фæлæ активистты тыхсын кæны йæ бынат – йæ сæрмæ ис электрон тыхы линитæ. Ацы фарстайы фæдыл курдиат æрвыст æрцыд профилон электронтыхдæттæг организацимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania