филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:07 воскресенье, 05 мая 2024
25 апреля 2024, 11:46
Фæстаг азты Ирыстоны æфсымæрон ингæнтæм базилыныл бирæ куыст æрцыд

Алы районæн дæр сты йæ цæрджыты цæсгом

Фæстаг азты Ирыстоны æфсымæрон ингæнтæм базилыныл бирæ куыст æрцыд. Алы районæн дæр сты йæ цæрджыты цæсгом. Уый æмбаргæйæ сæм лæмбынæг æргом здæхт цæуы. Цалдæр бынаты бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд, стæй  ма цы ног мадзæлттæ цæттæгонд цæуы Уæлахизы бонмæ, уый раргом кæныныл  бацархайдта Сосранты Жаннæ нæ дарддæры æрмæджы.

Алы аз дæр Ирыстоны районты цæрджытæ сæхи бацæттæ кæнынц Уæлахизы бонмæ. Фæфæнды  сæ,  сæ кадджын фыдæлты рухс нæмттæ æрымысын.  Ацы аз дæр афтæ. Дыгуры районы зилынц æппæт  номарæн бынæттæм, Дур – Дуры сæргълæууæг Хъодзасты Николайы ныхæстæм гæсгæ фæстаг азты дзæбæх цалцæггонд æрцыдысты номарæн бынæттæ.

Æрæфы районы æфсымæрон ингæны цурты рацæугæйæ та æнæ æрлæугæ ничи фæуыдзæн. Зæрдиагæй æм кæй кæсынц йæ хъуыдыкæнынмæ, уый æнæбаффиппайæн нæй. Бæлæстæ чъырæй цагъд, бацæуæнтæ аивгонд. Афтæмæй йыл  сæмбæлынц æппæт æрбацæуджытæ дæр. Ацы хатт дзы баййæфтам Сахалины цæрæг, Ирыстонимæ йæ бастдзинад æрæджы чи базыдта, уыцы Таухъазахты Ахметы фырт Тимуры, æхсызгон ын уыд алфамбылай æфснæйдæй уынын.

Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ дæр, куыд алы хатт, афтæ ныр дæр сæхи цæттæ кæнынц абоны райдзаст цардмæ æвæрæн бахæсджытæн кад скæнынмæ. 5-æм майы дзы уыдзынæй бæхтыл дугъ. Конд цæуы  Фыдыбæстæйы стыр хæсты ветеран Боллоты Хъазыбеджы райгуырды 100 азы кадæн. Хъæуы цæрджыты фæнды уыцы дзæбæх æгъдауæн ног цард радтын æмæ йæ  алы аз дæр сæ номыл дугъ уадзын.

6–æм майы та , Хæзныдоны сæ сывæллæттæм, цæргæбонты  æнхъæлмæ кæсгæ чи баззад, уыцы ниййарджыты номыл, хъæуы фæрнджын  хъæбул Хъамболты  Аркадийы фырт  Мараты  хъæппæрисæй цы цыртдзæвæн æвæрд æрцыд, уый размæ æрбамбырд вæййынц Ирыстоны дзыллæтæ. Патриотон хъомыладимæ баст мадзалмæ, алы кары адæм бацæттæ кæнынц уацымыстæ. Ацы цыртдзæвæн кæд конд у Хæзныдоны цæрæг Хъамболти Мисурæты сурæтмæ гæсгæ, уæддæр нывондгонд у, уый хузæн ныййарджытæн – сæ хъæбулты æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ чи баззад, ахæмтæн. Се хсæн дыууæ сæдæмæ хæстæг Хæзныдонæй, Ирыстонæй 50 минмæ хæстæг æмæ дæсгай милуан мадæлтæ æппæт Бæстæйæ. Бирæтæ хъуыды кæнынц Мисурæты. Цыртдзæвæны бынаты раздæр уыд йæ хæдзар æмæ иу уынджы бандоныл бангæйæ   æнхъæлмæ каст йæ уарзон хъæбулмæ.

Ацы аз конкурсы бацархайын бафæндыд республикæйы 150 сывæллоны. Æппæт куыстытæ дæр уыдысты баст Фыдыбæстйы Стыр хæсты  темæимæ. Жюрийы  уæнгтæ  аргъ скæндзысты куыстытæн æмæ хуыздæрты æрбахондзысты Хæзныдонмæ. Кадджын мадзалы сæ схорзæхджын кæндзысты.

Арæзт ма дзы æрцæудзæн футболон турнир. Бацæттæ йæ кæны зындгонд спортсмен Цæрикъаты Тарас. Мадзалмæ æрбацæуджытæм ма æнхъæлмæ кæсынц  быдырон цæлгæнæн.

Цæмæй фидæны фæлтæртæ цæстуынгæ æрмæгæй хъуыды кæной сæ фыдæлты, уый тыххæй Хæзныдоны культурæйы хæдзары кæрты арæзт æрцыд Намысы Аллея. Конд у хъæуы цæрæг Уаниты Юрийы фæрæзтæй.

Афтæ фæзæгъынц йæ истори,  æгъдæуттæ чи хъуыды кæна, уыцы адæмы хаттæн  фесæфæн нæй. Уый æмбаргæйæ Хæзныдоны архайынц раздæры хæзнатæ фæлтæртæм дæдтыныл.  Фарæстæм  майы та ма Хæзныдоны, «Уæрæсейы æвзонгдзинад»-ы  хъæппæрисæй уыдзæн спортивон парад.  Архайдзысты дзы  республикæйы районты спортивон скъолаты  хъомылгæнинæгтæ, равдисдзысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania