филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:45 воскресенье, 28 апреля 2024
25 марта 2024, 12:22
Адæмы граждайнаг хъахъхъæнынадмæ æмæ тæссаг уавæрты архайынмæ цæттæ кæныны нысанимæ администраци бацæттæ кодта ахуыртæ

Архайдтой дзы префектурæты разамонджытæ, сæ кусджытæ, республикæйы районты граждайнаг хъахъхъæнынады управлениты разамонджытæ

Адæмы граждайнаг хъахъхъæнынадмæ æмæ тæссаг уавæрты архайынмæ цæттæ кæныны нысанимæ, Дзæуджыхъæуы бынæттон администраци бацæттæ кодта тематикон ахуыртæ. Архайдтой дзы префектурæты разамонджытæ, сæ кусджытæ, республикæйы районты граждайнаг хъахъхъæнынады управлениты разамонджытæ. Фыццаджыдæр ахуыр кодтой арф æмбæхсæн бынæтты хи дарыны æгъдæуттæ. Уый гæнæн ис æмæ уа пъадвал,  зæххы быны машинæты æрлæууæн, кæнæ та бомбæмбæхсæн. Ныхас цыди, æмбæхсæн бынат цы кусæнгæрзтæй ифтонг хъуамæ уа, æмæ сæ куыд пайда кæнын хъæуы, ууыл дæр.

Цæгат Ирыстоны педагогон колледж уыди ахуырты дыккаг бынат. Ам та æркастысты эвакуацион пункты куыстмæ. Ахуыргæнæндоны бындурыл равæрдтой, адæм горæтæй эвакуаци кæныны размæ цы сæрмагонд пункты хъуамæ уой, ахæм. Баххæст æй кодтой хъæугæ инвентарæй æмæ адæмы бахъахъхъæнынæн алы æппæт кусæнгæрзтæй. Ахæм пункт у – æнæнхъæлæджы цау, кæнæ æфсæддон рæстæджы адæмы æдас ранмæ аласыны размæ кæм хъуамæ æрæмбырд уой, ахæм бынат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania