Баст уыд республикæйы сæвзæрды 100 азы бонимæ
Æхсæнадон палатæйы наукæйы, ахуырады, культурæйы æмæ информацион политикæйы парламентон комитеты хъæппæрисæй уыд сæрмагонд æмбырд. Баст уыд республикæйы сæвзæрды 100 азы бонимæ. Парламентаритæ, культурæйы архайджытæ, наукон æхсæнады минæвæрттæ загътой, ахсджиаг кæй у, алы къабæзты цы фæлтæрддзинад ис, уый бахъахъхъæнын. Уый у, Ирыстон абон цæй фæрцы рæзы æмæ йæ фидæн цæуыл аразы, уыцы бындур. Докладтимæ раныхас кодтой Цыбырты Алексей, Бзарты Руслан, Хайманты Иринæ æмæ Плиты Зæлинæ. Æмбырды хатдзæгтæ систы закъонадон æмæ æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнтæн амындтытæ фидæны фæлтæртæн истори бахъахъхъæныны фæдыл. Архивон службæ бацæттæ кодта тематикон равдыст. Стендтыл – историйы сæйрагдæр цаутæ æмбæлгæ документтæй фидаргондæй. Хъæздыг æрмæг æвдисы, ахсджиагдæр социалон-экономикон къабæзты равзæрд æмæ рæзт. Хицæн стенд баст уыд республикæйы алы къабæзты ирддæр архайджытимæ.