филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:51 пятница, 10 мая 2024
24 августа 2023, 13:00
Æнæниздзинады фарстатæй дарддæр ма Адæмон фронты специалисттæ бæстон кæсынц æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæм дæр

Ацы хатт æхсæнадон кусджытæ бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы уæлмæрдтæй иу

Æнæниздзинады фарстатæй дарддæр ма Адæмон фронты специалисттæ бæстон кæсынц æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæм дæр. Ацы хатт æхсæнадон кусджытæ бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы уæлмæрдтæй иу. Горæты цæрджытæ сæм бацыд хъаст, зæгъгæ дзы акалдтой зæронд бæлæста, сæ фæстæ бырæттæ та нæ бафснайдтой. Уый тыххæй та æвзæрынц зындзинæдтæ. Адæмæн сæ бон æнæ къуылымпытæй нæу сæ хæстæджыты ингæнтæм бахæццæ уæвын.

Ацы къæйдуры къамæй Дреты Олегмæ кæсынц йæ ныййарджытæ. Рæстæджы цыдимæ йæ уды зындзинады æнкъарæнтæ кæд фæкъаддæр сты, уæддæр йæ цæссыгтæ уромын нæ фæразы. Сæхæдæг æруайынц, сæ уындмæ кæсгæйæ. Олег, цæмæй цырты онг æрбахæццæ уа, уый тыххæй йæ фæхъæуы бирæ зындзинæдты сæрты ахизын. Уæлмæрд дзаг у  калд бæлæстæй, сæ уидæгтæй, къалиутæй.

Ацы уæлмæрды се нусон бынат ссардтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ дæр. Райдзаст фидæныл тохгæнджыты алфамбылай ныр дзаг у хæмпæлгæрдæгæй, цыртдзæвæнтæ разæхъыртæ сты, уæдæ уæлмæрды быру дæр ныппырх калд бæлæсты аххосæй.

Æппæт ацы бырæтты аххосаг у боныхъæд. Адæм бадзырдтой администрацимæ, ракуырдтой дзы, цæмæй бæлæстæ бынтондæр акалой, фæлæ уыцы хæс сæхимæ чи райста, уыдон сæ фæстæ нæ бафснæйдтой, æмæ ныр цы къалиутæ ныууагътой, уыдон хъыгдарынц адæмы. Æмæ сæ хъаст бахастой адæмон фронтмæ.

Адæмон фронты минвæрттæ зæрдæ бавæрдтой, Дзæуджыхъæуы администрацийы кусджытæй кæй ракурдзысты, сæ архайд кæронмæ бакæнын, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania