филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:44 суббота, 04 мая 2024
24 января 2023, 11:18
Æрæфы районы хæлынц рагон цыртытæ

Зæронд цыртытæ дæр æнхъæлмæ кæсынц, сæ исторон ахадындзинад кæй нæ фесæфдзæн æмæ сæм кæй базилдзысты, уымæ

Æрæфы районы хæлынц рагон цыртытæ. Æрдзы æмæ сыл рæстæджы цыд фæзынд  – хæлд фыстытæ, зылын дурын бырутæ, пырх уæлингæн. Ахæм уавæры Дыгургомы ныртæккæ ис цыртыты комплекс. Объект у бахъахъхъæнинаг. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Зын фæзилæнтимæ фæндаг хæццæ кæны Фæрæскъæттæй уæлдæр. Уырдыгæй бынмæ ракæсгæйæ зынынц миты бын хæдзæрттæ, хуры тынтæй та  хохы фахс райдзастдæр кæны, цымæ  цыдæр сусæгдзинæдæ æргом кæны, афтæ.  Ацы æрдзон рæсугъддзидадæй хъæздыг сабыр ран сæ рад дарддæр хæссынц, кæд ныккъæдз сты, уæддæр дурын цыртытæ. Уазай хохмæ кæсгæйæ дзы æнæфенæн нæй авд цырты.

Сæвæрдтой сæ кадджын адæмы номыл.  Æндæр хуызы рафæлхат кæнæн нæй сæ фæзындæн. Фæлæ ныр  сæйрагдæр у, базилинаг кæй сты, уыцы æцæгдзинад.

Номарæн дуртæ æвæрын у рагон традици. Фæзынд скифаг – алайнаг рæстæджы. Раздæры обаутты ныррыккон хуыз. Бæрæг куыд у, афтæмæй цыртытæ кæмæн нывондгонд уыдысты, уыдоны ныгæдтой хъæуы уæлдмæрды, сæ кадæн та фæндаджы кæрон æвæрдтой цыртытæ.

20-æм æнусы райдайæн цыртытæ куыд аив кодтой, уый дзурæг уыд адæмы хатты сфæлдыстадыл. Традицион нывтæ раивтой адæймаджы хуызтæй.

Раздæр-иу цыртытæ дзурæг уыдысты  3 дунейы бастдзинадыл.  Адæймаг иу ацыд иннæмæ. Традицимæ гæсгæ дуры сæрыл кодтой хуры ныв.  Ацы цыртдзæвæн фæзынд 1908 азы. Сæвæрдтой йæ Дзарасуты Дзахойы  кадæн. Дурыл нывгонд ис, адæймаджы æндæр дунемæ æрвитгæйæ  цы фæхъæуы, уый – бæх, кæцы нывондгон æрцæуы лæгæн,  æмæ хæцæнгарз.

Ацы цыртытæ культурон бынтыл нымад не сты, уымæн æмæ иумæйаг паддзахадон реестрмæ хаст не рцыдысты. Фæлæ республикæйы культурон бынты хъахъхъæнынады комитеты минæвæрттæ курдиат балæвæрдтой Æрæфы районы администрацимæ, цæмæй бакусой сæ сцалцæг кæныныл.

Габоты Людмилæ куы зæгъы, афтæмæй республикæйы хæлд цыртытæ сног кæнынмæ баххуыс кæныны фадат ис волонтертæн. Зæронд хæххон хъæуты ничиуал цæры, фæлæ культурон бынтæ бахъахъхъæнын у не ппæты хæс дæр.

Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ районты культурон бынтæн кæнынц инвентаризаци. Фарон Æрæфы районы  кадастрон хыгъды сæвæрдтой 27 бынаты бынæттон архайды бæстыхæйттимæ. Зæронд цыртытæ дæр æнхъæлмæ кæсынц, сæ исторон ахадындзинад кæй нæ фесæфдзæн æмæ сæм кæй базилдзысты, уымæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania