филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:59 пятница, 26 апреля 2024
08 декабря 2022, 11:57
Æрæфы районы сфæлдыстады скъолайы разамынд рахаста фæндон – хъæуты саразын сывæллæттимæ кусынæн сæрмагонд кабинеттæ

Сосранты Жаннæ къорды ахуырдзауты æмæ ныййарджыты курдиадмæ гæсгæ, федта Хæзныдоны Тубеты Сланбеджы номыл скъолайы цы нывкæнынады къорд ис, уый

Уæлæмхасæн зонындзинæдтæ сæм фæхæстæгдæр кæнынæн хорз мадзал. Рæстæджы цыдимæ Æрæфы районы сфæлдыстады скъолайы разамынд рахаста фæндон – хъæуты саразын сывæллæттимæ кусынæн сæрмагонд кабинеттæ. Сосранты Жаннæ къорды ахуырдзауты æмæ ныййарджыты курдиадмæ гæсгæ, федта Хæзныдоны Тубеты Сланбеджы номыл скъолайы цы нывкæнынады къорд ис, уый, æмæ йын бакæсæн йæ сюжетмæ.

Малиты Маринæ  авд азы дæргъы удæнцойдзинады фæрæз хæссæг у Хæзныдоны скъолайы ахуырдзаутæн. Уыцы рæстæгмæ сывæллæтты цалдæр фæлтæрмæ фæхæстæгдæр сты нывкæныны дæсдыйады сусæгдзинæдтæ. Байгом сын  дунейы рæсугъддзиндтæ уынынадмæ фæндаг.

Ам сывæллæттæн аразынц æппæт уавæртæ дæр, цæмæй къордмæ æрбацæугæйæ сæ удтæ фылдæр æмхиц уой се нкъарнтæ гæххæтмæ рахæссынмæ, уымæн.

Нывкæнынады къордмæ цæуы 13 сывæллоны. Семæ куыст цæуы цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ.  Куыд фылдæр цæуынц, афтæ æвдисынц стырдæр æнтыстдзинæдтæ.

Ацы нывтыл кусгæйæ сывæллæттæ канд нывкæнынадыл нæ ахуыр кæнынц, фæлæ ма лæмбынæг банкъарынц темæ æмæ сын пайдайаг свæййы сæ зондахаст фылдæр кæныны хъуыддаджы.

Маринæ уæлдай цин кæны йæ ахыурдзаутæн сæрмагонд экскурситæ æмæ мадзæлтты фæрцы сывæллæттæн кæй ис фадат æндæр рæтты рæсугъддзиндтимæ зонгæ кæнынæн.

Уæдæ ма Хæзныдоны аивæдон къорды ахуырдзауты кой райхъуысы бирæ алы æмвæзады конкурсты дæр.  Фæахайынц куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ сыхаг регионты, æмæ æппæтдунеон  сфæлдыстадон ерысты.

Хæзныдоны скъолайы ацы ахуырадон къорды байгомыл сывæллæттæй тынгдæр бацин кодтой сæ ныййарджытæ. Раздæр сæ, къорды ахуыр кæнынмæ, сæ  сывæллæтты ласын хъуыд Цыколамæ.

Куыд федтам, афтæмæй, рæстæджы цыдимæ, хъæуы цæрджыты уавæртæ кæй фылдæр кæнынц,уый кæстæр фæлтæрæн пайдайаг  кæй у  сæ курдиат раргом кæнынæн æмæ раиртасын фидæны сæ удмæ хæстæг дæсныйад.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania