филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:53 среда, 01 мая 2024
13 июля 2023, 11:56
Æрыдоны Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы цæуы чемпионат «Профессионалтæ»

Студенттимæ сæ зонындзинæдтæ вдисынц скъоладзаутæ дæр

Фидæны дæсныйад равзарын. Æрыдоны Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы цæуы чемпионат «Профессионалтæ». Студенттимæ сæ зонындзинæдтæ вдисынц скъоладзаутæ дæр. Чемпионатмæ æрбацыд нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Аргъ скодта мадзалæн, æрныхас кодта архайджытимæ æмæ эксперттимæ. 115 архайæджы бæстæйы 51 регионæй ерыс кæнынц 5 компетенцийы. Цавæрты, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Никита Клишин архайы профессионалон дæсныйады чемпионаты. Нæ республикæйы цæуы йæ компетенцийы фæстаг къæпхæн. КолОменскийы аграрон колледжы 3-æм курсы студент у Мæскуыйы облæсты минæвар. Чемпионаты руаджы хуыздæр базонгæ уыдзæн йæ фидæны дæсныйадимæ.

Студенттимæ сæ зонындзинæдтæ вдисынц скъоладзаутæ дæр. Дулаты Сæрмæт рамбылдта регионалон къæпхæн. Национ чемпионаты финалы бацахста 2-аг бынат. Куыд зæгъы, афтæмæй йæхиуыл кусдзæн, æмæ иннæ аз та тырндзæн 1-аг бынат бацахсынмæ.

Регионты хсæн æвзарæн къæпхæн ацæуы 25 регионы. Уыдонæй иу у нæ республикæ дæр. Эксперттæ канд куысты процессмæ нæ кæсынц, фæлæ ма æргом кæнынц, сæхæдæг практикæйы рæстæг цы базонынц, уый дæр. Чемпионатмæ ссыдысты 115 архайæджы бæстæйы 51 регионæй. Ерыстæм æрбацæуынц скъоладзаутæ дæр, цæмæй феной, алы дæсныйадты минæвæрттæм хъуамæ цавæр зонындзинæдтæ уа, уый.

Чемпионатмæ æрбацыд нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Æрныхас кодта архайджытимæ æмæ эксперттимæ. Аргъ скодта, мадзал куыд сарæзтой, уымæн дæр. Регионы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй нæ ресубликæйыл ахæм мадзæлттæ ахадынц хорзырдæм. Уæдæ хорз ахъаз кæнынц куыстуæттыл дæр, уымæн æмæ специалисттæ кæнынц фылдæр.

Хицауады рдыгæй астæуккаг профессионалон ахуырады райрæзтмæ уæлдай цæстдард цæуы. Федералон программæтæ афæдзæй – афæдзмæ кæнынц фылдæр. Уыдоны руаджы та уæрæхдæр кæнынц ахуыргæнæндæтты профессионалон æмæ ахуырадон арæнтæ. Абитуриенттæн фæфылдæр бюджетон бынæттæ, стæй уæрæхдæр кæны дæсныйадты хыгъд дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania