филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:08 воскресенье, 12 мая 2024
31 августа 2023, 13:35
Æвзæрстыты агъоммæ сæйраг æвзарæн къамисы минæвæрттæ скодтой ахуырадон семинартæ æвзæрстытæ аразджытæн

Горæтгæрон районы мадзалы архайдтой 2 æвзарæн къамисы минæвæрттæ – Хъобаны æмæ Дæргъæвсы

Æвзæрстыты агъоммæ сæйраг æвзарæн къамисы минæвæрттæ скодтой ахуырадон семинартæ æвзæрстытæ аразджытæн. Горæтгæрон районы мадзалы архайдтой 2 æвзарæн къамисы минæвæрттæ – Хъобаны æмæ Дæргъæвсы. Радзырдтой сын, хъæлæс кæныны æппæт къæпхæнты тыххæй, цавæр зындзинæдтæ сæвзæры, æмæ ахæм уавæрты куыд архайын хъæуы, уый тыххæй. Равдыстой ма æвзарæн бюллетеньты куыстгæнæг комплексты куыст дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 9-æм æмæ 10-æм сентябры республикæйы æвзæрстытæ арæзт æрцæудзысты 5 районы. Æрæфы районы равзардзысты минæвæртты æмбырды депутатты, Гуылæры та – бынæттон администрацийы сæргълæууæджы. Алагиры, Кировы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты æвзардзысты хъæуты сæргълæуджыты æмæ депутатты. Ахуырадон семинартæ сæйраг æвзарæн къамисы уæнгтæ сарæзтой уыцы районтæй алкæцыйы дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania