филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:38 пятница, 10 мая 2024
25 августа 2023, 12:17
Афтæ Дзæуджыхъæуы ветеранты советы сæрдар Лалыты Левы хонынц йæ хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ

Бирæ азты дæргъы æххуыс кæны, фæкæсын кæмæ хъæуы, ахæм бинонтæн

Фидар уды хицау æмæ зæрдæхæлар адæймаг. Афтæ Дзæуджыхъæуы ветеранты советы сæрдар Лалыты Левы хонынц йæ хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ. Бирæ азты дæргъы æххуыс кæны, фæкæсын кæмæ хъæуы, ахæм бинонтæн. Ныртæккæ дæр йæ цæст дары Бураты Фидары бинонтæм. Нæлгоймаг фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы.

Афæдз æмæ *рдæгæй фылдæр рацыд, Бураты бинонтæ сæ дарæгæй куы фæцух сты, уæдæй. Бураты Фидар уыд 58-æм æфсады хæстон. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайдта йæ фыццаг бонтæй. Баззад ын бинойнаг æмæ 4 сывæллоны. Буратæн алывæрсыг æххуыс кæны Дзæуджыхъæуы ветеранты советы сæрдар Лалыты Лев. Уый ныффыста фыстæг горæты æфсæддон комиссарадмæ, цæмæй сæрмагонд операцийы чи фæмард, уый бинонтæм фæкæсой.

Бураты бинонты Лалыты Лев æдзухдæр æххæст кæны продукттæй. Скъоламæ сывæллæттæн балхæны уæлæдарæс æмæ хъæугæ канцелярон товартæ. Фидары 2 фыртæн баххуыс кодта суворовон училищæмæ ахуыр кæнынмæ бацæуын. Лæппуты фидæны сæ фыды хуызæн фæнды æфсæддонтæ суæвын.

Лев куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæн сæ фыды баивыныл нæ архайы. Бинонтæн у, царды зын сахат баххуыс кæнын кæй бон у, ахæм хæлар. Лалыты Лев йæхæдæг у 1-аг къорды инвалид, фыдбылызы фæстæ баззад æнæ къæхтæй. Фæлæ йæ ныфс нæ асаст. 92-æм азы быцæуы фæстæ дæр афтæ фæкаст Куыдзиаты бинонтæм. Лев мысы, уæд бæстæйы зын рæстæг уыд, йæ бон нæ уыд бинонты раз не рбалæууын.

Лалыты Левæн йæхицæн ис 3 сывæллоны. Ноджыдæр ма фарасты та райста йæ дæлбар æмæ сæ нымайы йæхиуæттыл. Фæлæ ууыл нæлгоймаг не рлæудзæн. Фæнд ма кæны иу бинонтæм фæкæсын. Уымæй уæлдай ма, æрæджы Лев фæсидт Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрмæ, цæмæй йын радта, сæрмагонд операцийы рæстæг инвалид чи сси, уыдонæн психологон æххуыс кæныны бар. Нæлгоймаг йæ царды нысаныл нымайы, фæкæсын кæмæ хъæуы, уыдонæн æххуыс кæнын, цæмæй уыцы адæм дарддæр æххуыс кæной иннæтæн.

Йæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй Лалыты Левæн Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володины номæй радтой бузныджы фыстæг

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania