30 марта 2023, 11:13
Ахуырадон центр «Эрудит»-ы арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон акци «Ученые – в школы»
Мадзал ацыд республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады, стæй ЦИПУ-ы æххуысæй
Ахуырадон центр «Эрудит»-ы арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон акци «Ученые – в школы». Мадзал ацыд республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады, стæй ЦИПУ-ы æххуысæй. Фембæлды темæтæ систы фидæны технологитæ: аразгæ интеллект, IТ-технологитæ æмæ афтæ дарддæр. Цæгат Ирыстон æппæтуæрæсеон акци «Ученые – в школы»-йы архайын райдыдта проекты райдайæнæй. Республикæйы скъоладзауты æмæ ахуыргæндты фыццаг фембæлдтытæ ацыдысты февралы. Хуыздæр аргъ кæмæн скодтой, уыдон фидæны архайдзысты интеллектуалон ерысты «Ученый говорит. Батлы». Наукæйы æппæтæй ирддæр æмæ арæхстджындæртæн та фадат уыдзæн Сочийы æвзонг ахуыргæндты конгрессы архайынæн.