филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:16 пятница, 03 мая 2024
07 марта 2024, 12:44
Ахуырады къабазы бюрократон уаргъæвæрд къаддæр кæныны фарстатыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ

Ахуырады къабазы бюрократон уаргъæвæрд къаддæр кæныны фарстатыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ. Ахуырады хæрзхъæддзинад хуыздæр кæнынæн абон ахсджиаг у, педагогтæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразын, æмæ бюрократон уаргъæвæрд къаддæр кæнын. Уымæн æмæ сæ уый иппæрд кæны сывæллæттимæ сæйраг куыстæй, загъта вице-премьер. Ацы фарстайы фæдыл цавæр куыст цæуы, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Къаддæр рæстæг гæххæттыимæ куыстæн, фылдæр – сывæллæттæн. Уый у алы ахуыргæнæджы бæллиц. Уаниты Зæлинæ ацы дæсныйады ис 40 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй документтимæ уæлæмхасæн куыст уыд кæддæриддæр. Сывæллæтты ахуыр кæнынæй фæстæмæ ма бирæ рæстæг бацахсы протоколтæ æмæ хыгъдтæ æххæст кæнын. Хатгай ахæм куыст сæумæрайсоммæ ахæссы.

2022-æм азы сентябры йæ тыхы бацыд, официалон номхыгъдæй фæстæмæ документтæ цæттæ кæныны куысты уаргъ ахуыргæнджытыл æвæрын чи нæ уадзы, ахæм закъон. Рагагъоммæ хатдзæгтыл æрдзыртой Цæгат Ирыстоны ахуырады системæйы бюрократон уаргъæвæрд къаддæр кæныны фæдыл æмбырды.

Скъолатæм алыхуызон бафарсттæ вæййы æрмæст ахуырады министрадæй нæ, фæлæ æндæр профилон ведомствæтæй æмæ æхсæнадон организацитæй дæр. Ахуыргæнджыты фæхъæуы сæмбырд кæнын информаци ныййарджыты куысты тыххæй, скæнын къласы социалон паспорт, баххæст кæнын хойраджы хыгъды табельтæ, æдасдзинады техникæимæ кæнæ эпидемиологон уавæримæ баст документаци, æмæ афтæ дарддæр.

Ацы фарстайы фæдыл ахадгæ куыст ныртæккæ цæуы æрмæст 5 регионы. Цæгат Ирыстон – сæ хыгъды.

Æнæмæнг чи хъæуы, уыцы документты бæрц 50-йæ фондзы онг фæкъаддæр. Уый у ахуырадон предметæй кусæн программæ, къæлиндарон-тематикон пълан, æнтысындзинады электрон журнал, фæсурокты куысты программæ æмæ хъомыладон архайды пълан. Рахастой, ведомствæты *хсæн кусæг къорд саразыны уынаффæ, ахуырады системæйы бафарсттæм цæст чи дардзæн, æмæ закъонæн дзуапп дæттыны фæдыл мониторингты аудит чи кæндзæн, ахæм бæрнон кусæджы снысан кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania