филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:22 воскресенье, 19 мая 2024
02 марта 2023, 12:28
Ахуырады куыстуæтты модернизацийыл Дзанайты Барис æрныхас кодта Уæрæсейы рухстауынады министры хæдивæг Андрей Николаевимæ

Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы бирæ скъолатæ ныридæгæн рацарæзтой

Ахуырады куыстуæтты модернизацийыл Дзанайты Барис æрныхас кодта Уæрæсейы рухстауынады министры хæдивæг Андрей Николаевимæ. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы бирæ скъолатæ ныридæгæн рацарæзтой. Дыууæ азмæ бындуронæй цалцæггонд æрцæудзысты 66 ахуыргæнæндоны. Ацы хъуыддæгтыл æдæпптæй бахардз кæндзысты 4 миллиард сомы. Иннæ къæпхæнмæ та республикæ курдиат балæвæрдта 70 скъолайæн. Ам куыстыты аргъ уыдзæн 4 миллиарды æмæ 5 сæдæ милуан сомы аргъ. Цæгат Ирыстоны ма снысан кодтой сывæллæтты рæвдауæндæтты бындурон цалцæгæн стыр программæ дæр. Сног кæнын хъæуы скъолайы агъоммæйы 60 ахуыргæнæндоны. Уыдонæй уал 33 -йæн бацæттæ кодтой хъæугæ документаци. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, ацы къабазыл цæуы æнæрлæугæ куыст. Арæзт цæуынц, æдас æмæ нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм уавæртæ. 2026-æм азы онг ног скъолатæ арæзт æрцæудзысты Комгæроны, Майскийы, Даргъ-Къохы, микрорайон «Ног горæты», Мæздæджы скъола – интернаты. Дур-Дуры скъола та хъуамæ рацаразой бындуронæй. Уымæй уæлдай, ног рæвдауæндæттæ хъуамæ фæзына Донгæроны æмæ Куырттаты дæр. Ацы хъуыддæгты фæдыл республикæ зæрдæ дары профилон министрады æххуысыл.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania