филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:11 воскресенье, 19 мая 2024
01 февраля 2023, 11:43
Ахуырады райрæзты фарстатыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис

Ахуырады райрæзты фарстатыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Куыд загъта, афтæмæй ахуырады системæйы модернизацийыл стыр куыст цæуы. Паддзахадон программæтæм гæсгæ аразынц æмæ цалцæг кæнынц объекттæ. Ацы аз дарддæр ахæццæ кæндзысты скъолаты бындурон цалцæджы куыст. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ радзырдта ивгъуыд азы куысты хатдзæгты тыххæй. Сæйрагдæр уыд сывæллæтты алывæрсыг райрæзтæн уавæртæ аразын. Цæгат Ирыстоны скъолаты сентябры байгом кодтой, хицæн предметтæ арфдæр кæм ахуыр кæнынц, ахæм 115 сæрмагонд къласы. Кусын райдыдта «Цæгат Ирыстоны ахуырады системæйы менторты» программæ. Бацыдысты йæм ахуырадон организациты хуыздæр разамонджытæ. Фыццаг хатт сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани æххæстгæнгæйæ, арæзт æрцыдысты профилон тематикон радтæ. Республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисæй райдыдта архайын регионалон проект «Музейтæ сывæллæттæн». Уымæ гæсгæ скъоладзаутæ лæвар бабæрæг кодтой равдыстытæ. Фæззæджы нацпроект «Ахуырад»-мæ гæсгæ байгом сывæллæтты æмæ фæсивæды курдиаттæ æргом кæныны æмæ сын æххуыс кæныны центр «Вершина». Хъæуты ахуыргæнæндæтты бындурыл та сарæзтой æрдзон-наукон æмæ технологон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 22 центры «Точка роста». Ацы аз ма байгом уыдзæн ноджыдæр 22 ахæм центры. Зынгæ фæхуыздæр скъоладзауты тæвд хæринагæй æххæст кæныны хъуыддаг дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania