филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:51 суббота, 04 мая 2024
26 мая 2022, 11:38
Алагиры центрон библиотекæйы уыдзæн Уæлладжыры комы атлæсæн презентаци

Кадджын мадзалы бæстонæй æрныхас кæндзысты рауагъды ахадындзинадыл

Рæстæджы цыд куыд бацамыдта, афтæмæй Ирыстоны кæмтты цы диссаджы бынæттæ ис, уыдон иузæрдионæй никæй ныууадзынц. Æмæ цæмæй уыцы кувæндæттæ, æхсæрдзæнтæ, æмæ æндæр цымыдисаг объекттæ, нæ фыдæлтæ стыр аргъ кæмæн кодтой, уыцы бынæттæ æнцондæр арæн уой, ууыл ахъуыды кодта Малиты Георгийы номыл æхснады сæрдар Таматы Таймураз. Рагæй иртасы уыцы æрдзон фæзындтытæ. Ныр сæ ацы хуызы сфæнд кодта адæммæ фæхæццæ кæнын. Уæлладжыры комы атлас, куыд Таймуразы иннæ куыст – Дыгургомы æрдзы атлас, пайдайаг уыдзæн куыд скъоладзаутæн, афтæ туристтæн. Сæ фæрцы æнцонтæй базонæн ис, цы ран дæ комы, уый, уыимæ дарддæр акæнын дæ фæндаг æндæр цымыдисаг бынатмæ. Автор стыр æргом аздæхта йæ куысты бынæтты къамты хæрзхъæддзинадмæ. Атлæстæм хаст бынаттыл зилгæйæ сын фæиста сæ къамтæ æмæ афтæмæй рауадысты ирд фæлыстгонд атлæстæ. Абон Алагиры центрон библиотекæйы уыдзæн Уæлладжыры комы атлæсæн презентаци. Кадджын мадзалы бæстонæй æрныхас кæндзысты рауагъды ахадындзинадыл. Йæ автор дзуæппытæ радтдзæн æппæт æрбацæуджыты фæрстытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania