филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:31 пятница, 19 июня 2026
14 апреля 2026, 11:33
Алайнаг гимназы ахуырдзаутæ архайдтой 6-æм Æппæтуæрæсеон поллингвалон олимпиады Уфайы

Скъоладзаутæ сæ зонындзинæдтæ бæрæг кодтой æртæ взагæй – уырыссаг, англисаг æмæ мадæлон

Алайнаг гимназы ахуырдзаутæ архайдтой 6-æм Æппæтуæрæсеон поллингвалон олимпиадæ «Агидель»-ы Уфайы. Башкортостаны, Алтайы, Бурятийы, Татарстаны, Якутийы, Свердловаг облæсты æмæ Цæгат Ирыстоны скъоладзаутæ сæ зонындзинæдтæ бæрæг кодтой æртæ взагæй – уырыссаг, англисаг æмæ мадæлон. Хицæн хыгъды олимпиадæйы призер сси 8-æм къласы ахуырдзау Челдыты Артур. Борыхъуаты София та дыккаг бынат бацахста командон хыгъды. Олимпиадæйы размæ уал уыд дистанцион æвзарæн къæпхæн. Мадзалы сæйраг хъуыды у уый, æмæ цас фылдæр æвзаджы æмæ культурæйы зона адæймаг, уыйас тыхджындæр, хæлардæр æмæ æнгомдæр бæстæ уыдзæн Уæрæсе. Адæмты иудзинады афæдзы та ацы хъуыдйæн ис арфдæр мидис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania