17 января 2023, 11:34
Ацы аз сентябры нæ республикæйы скъолаты кусын райдайдзысты директоры сæдæ иуæндæс уынаффæгæнæджы
2024 -æм азы ма сыл бафтдзæн ноджыдæр 37
Ацы аз сентябры нæ республикæйы скъолаты кусын райдайдзысты директоры сæдæ иуæндæс уынаффæгæнæджы. 2024 -æм азы ма сыл бафтдзæн ноджыдæр 37. Уыдон æххуыс кæндзысты сывæлæтты уæлæмхасæн ахуырадмæ æмхиц кæнын, стæй разамынд дæтдзысты скъоладзауты æппæтуæрæсеон змæлды скъолайы хайадæн – хъусын кæны республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад. Директоры уынаффæгæнæг хъуамæ архайа скъолайы театр саразын, музей, спортивон клуб, медиацентр æмæ бархионты къорды куысты архайын. Специалисты нысан у алы скъоладзауы хъомыс раргом кæнын æмæ йæ иумæйаг хъомыладон тыгъдадмæ æмхиц кæнын.
темæмæ гæсгæ