филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:00 вторник, 03 ноября 2026
23 июня 2026, 10:31
Ацы бонты 90 азы сæххæст Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Гæздæнты Булаты райгуырдыл

Стыр æвæрæн бахаста ирон музыкалон культурæйы райрæзтмæ

Ацы бонты 90 азы сæххæст Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, зындгонд композитор æмæ алывæрсыг курдиаты хицау Гæздæнты Булаты райгуырдыл. Стыр æвæрæн бахаста ирон музыкалон культурæйы райрæзтмæ. Бантыст ын бахъахъхъæнын ирон композиторты æмæ национ адæмон музыкæйы уацмыстæ. Схъомыл кодта музыкантты цалдæр фæлтæры. Хъуыстгонд сты республикæйæ дарддæр. Абон Булаты хъуыддаг дарддæр хæццæ кæны йæ номыл адæмон инструментты национ паддзахадон оркестр. Ирыстоны уарзондæр композиторы тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы музыкалон инструмент Гæздæнты Булатæн кæддæриддæр уыд кадджын бынаты. Се ппæты йыл нæ уагъта цæгъдын, фæлæ йæ уарзон ахуырдзаутæн ахæм бар лæвæрдта. Фыццаг хатт хроматикон фæндыр конд æрцыд 1958-æм азы. Зындгонд мастер Виктор Панасенко бындурæн райста сæрмагондæй Гæздæнты Булаты эскизтæ. 50 азы фæстæ республикæйы адæмон артист сси «Ирон фæндыр»-ы паненты хицау. Зындгонд композиторы хиуæттæ мысынц, уæд Булатæн авторон документ райсын уæлдай ахсджиаг уыд.

Ирон фæндыр байгом кодта æппæт дунейæн, инструмент ракодта стыр сценæмæ. Номдзыд дирижер, национ адæмон музыкæйы гений… Музыкæйы æвзаг ахуыр кæнын райдыдта, куыддæр йæ къухмæ ирон фæндыр райста, афтæ. Мелодиты дунеимæ базонгæ нырма сывæллон уæвгæйæ. Афтæ кæсы, цыма Гæздæнты Булаты царды аивад фæзынд сæрмагонд нысанимæ – схъомыл кæнын Цæгат Ирыстоны музыкантты фæлтæр.

Курдиатджын композитор, мелодиты æмæ зарджыты автор, дирижер, аранжировкæтæгæнæг, аккомпаниатор – Гæздæнты Булат уайтагъд ссардта фæндаг аивадуарзджыты зæрдæтæм, æрмæст республикæйы нæ, фæлæ Цæгат Ирыстонæй дарддæр дæр. Бирæ азты разамынд лæвæрдта адæмон инструментты национ паддзахадон оркестрæн. Коллектив абон дарддæр хæццæ кæны Гæздæнты Булаты хъуыддаг.

Йæ ахуырдзаутæ æмæ æмкусджытæ мысынц, уацмыс Гæздæнты Булат цæгъды, уый базонæн уыд фыццаг аккордтæм гæсгæ. Хицæн æй кодта сæрмагонд техникæ æмæ национ мелодиты арф æмбарынад.

Гæздæнты Булат Ирыстонæн æрмæст номдзыд музыкант нæ уыд. Бантыст ын ног хуызы раргом кæнын ирон фæндыры гæнæнтæ æмæ дзы скæнын национ культурæйы академион хъæлæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania