филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:25 четверг, 23 мая 2024
31 июля 2023, 11:36
Ацы бонты уæлдæфы температурæ 30 градусæй уæлдæр схизы, адæм фылдæр тырнынц сæ рæстæг доны раз æрвитынмæ

Китайаг фæзы районы æрæджы цы доны станцæ байгом, уый хи найынæн нæ бæззы, ис дзы æрмæст катамарантыл тезгъо кæнын.

Ацы бонты уæлдæфы температурæ 30 градусæй уæлдæр схизы. Адæм фылдæр тырнынц сæ рæстæг доны раз æрвитынмæ. Китайаг фæзы районы æрæджы цы доны станцæ байгом, уый хи найынæн нæ бæззы. Ис дзы æрмæст катамарантыл тезгъо кæнын. Фæлæ бирæты уыцы домæн не ххæст кæнынц, æмæ арæх уый расайы æвирхъау цаутæм. Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрадты кусджытæ адæмæн сæ зæрдыл лæууын кæнынц, кæм не мбæлы, уыцы донуатты хи найын тæссаг у. Чысыл доны станцæйы ис бассейн, фæлæ фидгæ у.  Ахæм лæггадæй спайда кæнын се *ппæты бон нæу. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Июлы æнтæф бонты адæм сæхи донмæ хæстæгдæр æлвасынц – иутæ кæсаг ахсынмæ цæуынц, иннæтæ – катамарантыл тезгъо кæнынц, чидæр та доны раз фотосесситæ аразы. Китайаг фæзы раздæры доны станцæйы, куы йæ саив кодтой, уый фæстæ, кусгæ бонты дæр бирæ адæм вæййы.

Июлы райдиан ацы ран уыд æвирхъау цау – нæлгоймаг аныгъуылд. 600 метры дæргъæн быру нæ уромы, йæхи ам найын чи сфæнд кæны, уыдоны. Къостайы проспекты доны станцæ реконструкцимæ куы сæхгæдтой, уый фæстæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæн доны раз фæлладуадзæн бынæттæ ссарын æнцон нæу. Ацы цады хи найæн нæй, сыхаг бассейнтæ та фидгæ сты. Иу дзы хистæртæн у, иннæ та – сывæллæттæн. Сыгъдæг дон, ирвæзынгæнджытæ, дзаумæттæивæн, найæн, ныййарджытæ кæм æнхъæлмæ кæсой, ахæм агъуыстытæ. Æппæт уавæртæ, æмæ цæмæй æмбæлгæ æмвæзадыл уой, уый тыххæй хъæуы бæлвырд хæрдзтæ. Фæлæ се *ппæтæн ахæм лæггæдтæн фидыны фадат нæй.

Сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæн дзæбæхгæнæн комплексы администраци сæрдыгон каникулты бассейнмæ бацæуæн  скодта лæвар.

Бететы Сабинæ – Сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинаг: нам организовали это, чему весь наш состав безумно благодарен, мы искренне благодарны этому парку, что они нам предоставили такую возможность отдохнуть на летних каникулах с большим удовольствием

Сывæллæтты хæдзарæй сабитæ райгонд сты ахæм уавæртæй.

Къостайы проспекты доны станцæйы реконструкци хъуамæ фæуа декабры кæрон. Уæдмæ уал горæты цæрджытæ агурынц фæллад уадзынæн æндæр гæнæнтæ. Специалисттæ адæммæ сидынц, цæмæй, кæм не мбæлы, уырдæм хи найынмæ ма цæуой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania