филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:06 вторник, 14 мая 2024
04 апреля 2024, 11:56
Беслæны культурæйы галуаны ацыд конкурс «Дæ мæсыг самай»-йы уæлахиздзауты хорзæх кæныны кадджын мадзал

Баст уыди сенаторы, Федерацийы Советы комитеты уæнг Мамсыраты Таймуразы 70 азы юбилеимæ

Беслæны культурæйы галуаны ацыд конкурс «Дæ мæсыг самай»-йы уæлахиздзауты хорзæх кæныны кадджын мадзал. Баст уыди сенаторы, Федерацийы Советы комитеты уæнг Мамсыраты Таймуразы 70 азы юбилеимæ. У ацы чиныджы автор. Конкурсы архайдтой 60 сывæллоны, Рахизфарсы районы æппæт ахуыргæнæндæттæй. Рæзгæ фæлтæр сæхи къухтæй алы æрмæджытæй бацæттæ кодтой ирон мыггæгты  мæсгуыты макеттæ. Жюрийы уæнгтæ сбæрæг кодтой уæлахиздзауты æмæ призерты. Радтой сын кады гæххæттытæ æмæ лæвæрттæ. Конкурс «Дæ мæсыг самай» арæзт цæуы дыккаг аз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania