филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:38 четверг, 02 мая 2024
17 мая 2022, 10:46
Беслæны скъоладзаутæн сарæзтой æфсæддон намысы бынæттыл балц

Фæлтæрдджын  гид æрттыккæгæм æмæ цыппæрæм кълæсты ахуырдзауты  базонгæ кодта Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты сæйраг къæпхæнтимæ

Беслæны скъоладзаутæн сарæзтой æфсæддон намысы бынæттыл балц. Лæппутæ æмæ чызджытæ уыдысты Гæздæнты æфсымæрты номыл цыртдзæвæны цур, Барбашовы фæзы, Суаргом хъахъхъæнджыты музейы, стæй Намысы мемориалы. Фæлтæрдджын  гид æрттыккæгæм æмæ цыппæрæм кълæсты ахуырдзауты  базонгæ кодта Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты сæйраг къæпхæнтимæ. Уыимæ Ирыстоны хъæбулты сгыухтдзиндæдтимæ.  Сывæллæтты цæстæнгасыл бæрæг уыд сæ цымыдисдзинад. Зæрдиагæй хъуыстой æппæт мысинæгтæм дæр. Балц саразджыты ныхæстæм ахæм мадзæлттæ фæсивæдæн сты хъæугæ. Сæ фæрцы фылдæр кæны сæ зондахаст, æмхиц кæнынц фыдæлты истори зонынмæ. Уый æмбаргæйæ, фæстаг рæстæг республикæйы æппæт районты скъолдатæ дæр саразынц ахæм балцытæ сæ ахуырдзаутæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania