филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:17 воскресенье, 12 мая 2024
01 февраля 2024, 11:13
Беслæны цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй

Бæлвырддæр та дондзæуæн системæйы куыстæй

Беслæны цæрджытæ тыхсынц сæ уавæртæй. Бæлвырддæр та дондзæуæн системæйы куыстæй. Сæ хъаст бахастой бæрнон куыстуæттæм – горæты æмæ районы администраицмæ, прокуратурæмæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрадмæ æмæ ма суанг Паддазхадон думæмæ дæр.  Сæ фыстæджытæ бæргæ бахæццæ вæййынц, фæлæ бæлвырд дзуапп нæ райсынц. Афтæмæй та хъуыддаг йæ бынатæй не змæлы. Уымæ гæсгæ фæсидтысты Адæмон фронтмæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.

Беслæны Заводы уынгты цæрджытæн сæхи ног дондзæуæн системæмæ баиу кæныны бон нæу. Хъарм рæстæг цух æййафынц нуазыны донæй, кæд æмæ ног коммуникацитæ сæ уынджы æвæрд æрцыдысты, уæддæр. Æмæ уый иунæг лыггæнинаг фарста нæу. Сæ хъаст бахастой Адæмон фронтмæ.

Адæмон фронты минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй ног канализацион хæтæл уынгты раз æвæрд æрцыд, фæлæ йæм баиу кæнын сæ бон нæу. Уымæн æмæ йæ ауагътой хæдзæрттæй уæлдæр. Уымæ гæсгæ уарындæттæ кæдæм цæуой, уыдон дæр нæ кусынц. Дон лæугæйæ баззайы.

Бынæттон цæрджытæ хъаст кæнынц æмæ сæ курдиæттæ фыссынц бæрнон куыстуæттæм – горæты æмæ районы администраицмæ, прокуратурæмæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрадмæ æмæ ма суанг Паддазхадон думæмæ.  Сæ фыстæджытæ бæргæ бахæццæ вæййынц, фæлæ бæлвырд дзуапп нæ райсынц. Афтæмæй та хъуыддаг йæ бынатæй не змæлы. Уымæ гæсгæ фæсидтысты Адæмон фронтмæ.

Микрорайоны иннæ риссаг фарста – сывæллæтты ирхæфсæн фæз. Спортивон кусæнгæрзты уавæр уый иу, фæлæ ма зæрдæхсаинаг у сывæллæтты æдасдзинад дæр. Адæмон фронты минæвæрттæ зæрдæ бавæрдтой, уавæрмæ сæ цæст кæй дардзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania