филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:59 понедельник, 13 мая 2024
06 февраля 2024, 12:33
Бигъаты Олег æмæ Тедтойты Зауыр фронты сты ивгъуыд азы августæй фæстæмæ

70-йæм полчы хыгъды сæхи æнтыстджынæй равдыстой

Ныртæккæ та уæ базонгæ кæндзыстæм сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ. Бигъаты Олег æмæ Тедтойты Зауыр фронты сты ивгъуыд азы августæй фæстæмæ. Хæстон фæлтæрддзинад сæ иумæ дæр нæ уыд. Алцæуылдæр сахуыр сты бынаты. 70-йæм полчы хыгъды сæхи æнтыстджынæй равдыстой. Саккаг сын кодтой «Ирыстоны Намыс»-ы майдантæ. Хъæбатыр æфсæддонтимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд.

Ацы видео уайтагъд апарахат интернеты. РабОтинойы бын тохы кадртæ. Запорожьейырдæм здæхт. Ам украинаг контрбырстæй рауад фæстæмæцыд.

Украинаг хæстонтæ бацахстой афтид акъоппытæ, фæлæ Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты атакæмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Видеойы 58-æм æфсады 70-æм полчы хæстонтæ уæлдæфæй байстой ныхмæлæууæджы æнцайæн пункттæ. Штурмгæнджытæ Бигъаты Олег æмæ Тедтойты Зауыр сты, Украинæйы гæрзифтонг тыхты æнæхъæн элитон отряд уацары райсын кæмæн бантыст, уыдоны хыгъды.

Ацы кадртыл зыны, Украинæйы гæрзифтонг тыхтæ уæлдæфæй сæхиуæтты куыд æхсынц, уый. Сæ командæгæнджытæ хатгай нæ фембæхсынц, адæмы мæлæтмæ кæй æрвитынц, уый.

Нæ хæстонты раз лæууыд æфсæддон хæс – нацисттыл ма ауæрдын. Афтæ та знаджы радон размæбырст хæлд æрцыд, боевикты уацары райстой.

Сæ куыст лæппутæ зонынц, фыццаг бонæй иттæг хорз службæ кæнынц. Æфсæддон фæлтæрддзинад сæ иумæ дæр нæ уыд. 2023-æм азы августæй сын райдыдта. Цалынмæ дæ хæлæрттæ фронты тох кæнынц, уæдмæ иуварс лæууай – уый гæнæн нæй, зæгъынц хæстонтæ. Базонгæ сты ахуырадон полигоны. 3 мæйы цæттæдзинад æмæ мæнæ 70-йæм полчы хыгъды рацыдысты фронты линимæ.

Раздæры футболист абон артиллерист у. Д-20, Д-30 гаубицæтимæ кусын Тедтойты Зауыр сахуыр суанг æхгæд цæстытимæ дæр. Радон хатт хъахъхъæныны лини æвæргæйæ нæ хæстонтыл æрцыд ныхмæлæууæджы æхст. Зауырæн йæ къух фæцæф, Олегæн та схъис йæ къахы бацыд. Эвакуаци, госпитальтæ, дзæбæх кæнын æмæ реабилитаци. Æмæ æрмæст цæгатирыстойнаг хирургты дæсныдзинады руаджы Олег фæдзæбæх.

Семæ фæрсæй-фæрсмæ хъæбатырæй тох кæнынц уырыссæгтæ, дагестайнæгтæ, кæсгæттæ æмæ Фыдыбæстæ – хæлæрттæ, ныййарджытæ, уарзон бинонтæ кæмæн у, уыдон. Хæрзиуæг æнæмæнг алкæмæдæр бахæццæ уыдзæн, зæгъынц не *фсæддонтæ.

Абон та лæппутæ æфсармджынæй, фæлæ сæрыстырæй зæгъынц, «Ирыстоны Намыс»-ы майдан сын уæлдай зынаргъ у, кæд æмæ нæ хъæбатырты ныридæгæн снысан кодтой Георгийы дзуар, «Лæгдзинад»-ы æмæ Жуковы майдантæ райсынмæ, уæддæр.

Бигъаты Олегæн йæ хæдзары – йæ мад æмæ йæ 14-аздзыд чызг. Зауыры 2 чызгæн та ма тагъд фæзындзæн кæстæр æфсымæр. Лæппутæ ныфсджынæй авæрынц фидæнмæ нысантæ, æмæ фидарæй зæгъынц – Уæлахиз æнæмæнг нæ къухы бафтдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania