филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:26 суббота, 27 апреля 2024
27 марта 2024, 12:06
Бинонты хъомыладæн æмархайды центр «Амонд» сбæрæг кодта, йæ равзæрды 29 азы бон

Сывæллæттæн æмæ кусджытæн раарфæ кодтой республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ æмæ Сывæллæтты фонды регионалон хайады разамонæг Денис Федорович

Бинонты хъомыладæн æмархайды центр «Амонд» сбæрæг кодта, йæ равзæрды 29 азы бон. Сывæллæттæн æмæ кусджытæн раарфæ кодтой республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ æмæ Сывæллæтты фонды регионалон хайады разамонæг Денис Федорович. Центры 13 минæвары схорзæхджын кодтой профилон министрады кады гæххæттытæй. Фыццаг хатт Мæздæджы район бабæрæг кодтой хæдзар-интернат «Ласка»-йы æмæ бинонты хъомыладæн æмархайды центр «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæ. Традицимæ гæсгæ «Амонд»-ы мадзал бабæрæг кодтой æрæджыйы рауагъдонтæ. Бирæтæ сæ скодтой хи бинонтæ. Цас архайы, уыцы рæстæгмæ Мæздæджы сывæллæтты хæдзар рауагъта 400 хъомылгæнинагæй фылдæр. Абон центры ис 24 сывæллоны. Иннæ аз куыстуат сбæрæг кæндзæн 30 азы юбилей. Центр «Амонд» ныридæгæн цæттæ кæны стыр мадзалмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania