филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 пятница, 19 июня 2026
05 июня 2026, 10:35
«Бинонты нау» – ахæм сæргондимæ фембæлд арæзт æрцыд Рахизфарсы районы культурæйы галуаны

Уазджыты хсæн уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ

«Бинонты нау». Ахæм сæргондимæ фембæлд арæзт æрцыд Рахизфарсы районы культурæйы галуаны. Уазджыты хсæн уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæ. Арæзт сын æрцыдысты тестытæ. Уыдоны фæрцы сбæрæг кодтой сæ эмоционалон уавæр. Мадзал саразыныл бакуыста Рахизфарсы районы социалон лæггæдты компслексон центр. Фембæлдмæ хуынд æрцыд республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ. Уый æфсæддонтæн ракодта зæрдиаг арфæтæ, ахæм лæгдзинад, ныфс æмæ хъæбатырдзинад кæй æвдисынц, уый тыххæй. Сæ бинонты уæнгтæн та загъта бузныг, ахæм æххуыс æмæ уды хъарм кæй лæвар кæнынц сæ хъæбатыртæн, уый тыххæй. Ахæм фембæлдтытæ тынг ахсджиаг æмæ ахадгæ сты, загътой специалисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania