Республикæйы сæргълæууæг ын раарфæ кодта, йæ бæрнон бынаты фæдыл æмæ йын йæ зæрдæ загъта бирæ æнтыстдзинæдтæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыди 58-æм æфсады ног командæгæнæг, инæлар-майор Михаил Зуськоимæ. Республикæйы сæргълæууæг ын раарфæ кодта, йæ бæрнон бынаты фæдыл æмæ йын йæ зæрдæ загъта бирæ æнтыстдзинæдтæ. Битарты Вячеслав ын йæ зæрдыл æрлæууын кодта, се мгуыстад кæй райдыдта, 58-æм æфсады штабы хицауæй ма куы куыста, уæд. Уыцы рæстæг республикæйы разамындимæ æрцыдысты иу хъуыдымæ, æнгом æмгуыстады фæдыл. Æмæ уыцы куыст хъæуы дарддæр æххæст кæнын. Цæгат Ирыстоны хицаудзинады оргæнты рдыгæй цæудзæн алывæрсыг æххуыс. Михаил Зусько Битарты Вячеславæн загъта бузныджы ныхæстæ, ахæм зæрдæйы ахастимæ йыл кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй. Тынг бацин кодта, нæ республикæмæ раздæхыны фадат ын кæй фæци, ууыл. Фæнд кæны æмгуыстады фарстатыл дарддæр дæр ахадгæйæ кусын, загъта инæлар-майор.