филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:29 пятница, 19 июня 2026
25 марта 2026, 11:29
Дигорайы 5-æм рæвдауæндоны райдыдтой бындурон цалцæггæнæн куыстытæ

Куыстытæ цæуынц, национ проект «Бинонтæм» гæсгæ

Дигорайы 5-æм рæвдауæндоны райдыдтой бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Куы байгом, уæдæй нырмæ ноггонд нæ цыди. Ныртæккæ объекты хафынц къултæ æмæ ласынц бырæттæ. Фæстæдæр баивдзысты бæстыхайы сæр, инженерон коммуникацитæ, дуæрттæ æмæ рудзгуытæ. Куыстытæ цæуынц, национ проект «Бинонтæм» гæсгæ. Бындурон цалцæг фæуыдзæн сæрды кæронмæ. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæстондæр.

Арæзтадон техникæ ацы объекты æнæрлæугæйæ кусы февралæй. Уæд бригад бавнæлдта халæн куыстытæм. Агъуыстыты къултæ ссыгъдæг кодтой агуыридуры онг, систой зæронд инженерон коммуникацитæ дæр.

Дигорайы сывæллæтты рæвдауæндон «Улыбка»-йы сæйраг корпус сарæзтой 37 азы размæ. Уыцы цау хъуыды кæны Хуыдæрты Заремæ. Кусæнуаты фæллой кæны, куы байгом, уæдæй фæстæмæ, дзуапп дæтты адджын æмæ пайдайаг хæринæгтыл. Ныртæккæ йе мкусджытимæ хæрæнблок самал кодтой иннæ корпусы. Сарæзтой йæ 2020-æм азы. Ардæм ма рæстæгмæ раивтой 3 къорды сæйраг корпусæй, ноджыдæр ма 3 та суазæг кодта 4-æм рæвдауæндон. Заремæ куыд загъта, афтæмæй ног бæстыхайы уыдзæн нырыккон кусæн уавæртæ.

Рæвдауæндон бындуронæй сцалцæг кæныны тыххæй йæ сæргълæууæг Гæзæлты Аллæ фæсидт Уæрæсейы президенты исæнуатмæ. Кусæнуатæн разамынд дæтты фæстаг 5 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй йе мкусджытимæ архайдтой хи хъарутæй риссаг фарстатæ лыг кæныныл, фæлæ алы хатт ацы хъуыддаг æххæст кæнын зындæр уыд. Ныр æрвылбон йæ цæст дары куыстытæм. Фæндты ма ис, территори саив кæныны фарста алыг кæнын – уыцы куыстытæ проектмæ нæ хауынц.

Сывæллæтты рæвдауæндон «Улыбка»-йы ис 145 хъомылгæнинаджы, кусы 9 къорды. Цалцæджы рæстæгмæ сын бацархайдтой зæрдæмæдзæугæ уавæртæ скæнын. Куыстытæ фæуыдзысты августы, объект сæххæст кæндзысты ног кусæнгæрзтæй дæр. Бæстыхай ноггонд цæуы нацпроект «Бинонтæ»-м гæсгæ. Аразджыты хъæуы сæххæст кæнын мидаивгæнæн куыстытæ, сног кæнын бæстыхайы разуынд, æххæстæй баивын дуæрттæ æмæ рудзгуытæ, стæй коммуникацитæ. Подрядон организацийæн зын объект нæу, республикæйы иннæ хъæуты æмæ горæтты бындуронæй цалцæг кæнынц ахуыргæнæндæттæ. Дыгуры районы сывæллæтты рæвдауæндонæй фæстæмæ ма ацы аз куыстытæ цæуынц цалдæр объекты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania