филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:55 пятница, 10 мая 2024
23 августа 2023, 12:08
Дыгургомы арæзт æрцыд туристты 13-æм фембæлд

Архайдтой дзы Краснодары крайы Щербиновскы районы ахуырады кусджыты профцæдисты организациты минæвæрттæ

Дыгургомы арæзт æрцыд туристты 13-æм фембæлд. Архайдтой дзы Краснодары крайы Щербиновскы районы ахуырады кусджыты профцæдисты организациты минæвæрттæ. Æдæппæтæй 20 командæйы, 170 адæймаджы. Се ппæты дæр фæндыд афæдзы хуыздæр командæйы ном райсын. Мадзал аразджытæ бацæттæ кодтой ерысты сæрмагонд  программæ.  Хаст æмæ æрцыдысты квесттæ  «Туристическая полоса», «Узлы», «Дартс», «Шмякобол», Музыкальный калейдоскоп». Уæвгæ ахæм фембæлдтыты сæйрагдæр у хъармуд ахастдзинæдтæ парахат кæнын.  Æрдзы хъæбысы адæм кæрæдзимæ кæнынц хæстæгдæр, хæларзæрдæдæр,  æнцондæр сын у сæ арæхстдзинæдтæ раргом кæнын.  Дыгургомы æрдз иу хатт чи фена, уымæн йæ зæрдæйы ныууадзы райдзаст æнкъарæнтæ. Фембæлд арæзт æрцыд ахуыргæнæнджы афæдзы мадзæлтты пълан æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania