26 мая 2026, 11:11
Дыгуры районы культурæйы хæдзары бынæттон фæсивæдон театр «Сатирикон» равдыста спектакль «Сæтти æмæ Бæтти»
Уарзон комедимæ бакæсынмæ æрбацыд бирæ адæм
Дыгуры районы культурæйы хæдзары бынæттон фæсивæдон театр «Сатирикон» равдыста спектакль «Сæтти æмæ Бæтти». Уарзон комедимæ бакæсынмæ æрбацыд бирæ адæм. Хæдахуыр артисттæ сæ курдиатæй аивадуарзджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой. Дыгуры районы фæсивæдон театр «Сатирикон» кусы 2004-æм азæй фæстæмæ. Йæ аивадон разамонæг Къорнаты Дианæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ нысан у, мадæлон æвзаг хъахъхъæнынмæ æмæ парахат кæнынмæ æвæрæн хæссын. Ацы хъуыддаджы сын ахадгæйæ æххуыс кæны Дыгуры районы разамынд.
темæмæ гæсгæ




