филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:31 пятница, 19 июня 2026
15 апреля 2026, 10:28
Дзæуджыхъæу архайы скъоладзауты Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы финалы литературæйæ

Нæ республикæмæ Уæрæсейы алы регионтæй ссыдысты 400 лæппуйы æмæ чызджы

Дзæуджыхъæу архайы скъоладзауты Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы финалы литературæйæ. Нæ республикæмæ Уæрæсейы алы регионтæй ссыдысты 400 лæппуйы æмæ чызджы. Семæ ма сты 200 педагогы. Скъоладзаутæ ацæудзысты æртæ ерысгæнæн туры: аналитикон, сфæлдыстадон æмæ дзыхæйдзургæ. Уымæй дарддæр æмбæлдзысты эксперттимæ, æвзардзысты хæслæвæрдтæ. Уазджытæн бацæттæ кодтой хъæздыг программæ. Уый фæрцы базонгæ уыдзысты Цæгат Ирыстоны культурæимæ æмæ æгъдæуттимæ. Бабæрæг кæндзысты музейтæ, театртæ, фендзысты нæ регионы рæсугъддæр æмæ зæрдылдарæн бынæттæ. Абалц кæндзысты хæхтæм экскурсимæ. Олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн Цæгат Ирыстоны цæуы ныр дыккаг аз фæдфæдыл. Нæ регионы кад хъахъхъæнынц дыууæ дзæуджыхъæуккаг ахуырдзауы: Полина Плохова 28-æм скъолайæ æмæ София Хачатурянц 22-æм скъолайæ. Республикæйæ 8 адæймаджы бацыдысты жюрийы хыгъдмæ. Олимпиадæйы уæлахиздзаутæн сæ бон уыдзæн нæ бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуын, æнæ профилон фæлварæн ратгæйæ. Интеллектуалон ерыс цæуы, национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæтты» федералон проект «Все лучшее детям» æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania