филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:32 четверг, 02 мая 2024
11 апреля 2023, 11:23
Дзæуджыхъæуы 24-æм скъолайы арæзт æрцыд литературон хъазт Антон Чеховы сфæлдыстадмæ гæсгæ

Сарæзтой хицæн къордтæ скъоладзаутæй æмæ ахуыргæнджытæй

Скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ. Дзæуджыхъæуы 24-æм скъолайы арæзт æрцыд литературон хъазт Антон Чеховы сфæлдыстадмæ гæсгæ. Сарæзтой хицæн къордтæ скъоладзаутæй æмæ ахуыргæнджытæй. Хъазты рæстæг рабæрæг, авторы сфæлдыстады тыххæй архайджытæ куыд зонынц, уый. Уымæн æмæ Антон Чехов йæхæдæг дæр уыд бæлвырддзинæдты дæсны. Хъазт саразыны размæ ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ бакастысты цалдæр уацмысы. Ахуыргæнджытæн уый уыд сæ зонындзинæдтæ сног кæныны, скъоладзаутæн та – сæ дзырдуат æмæ миддуне фæхъæздыгдæр кæныны фадат. Ахæм мадзæлттæ скъолайы вæййынц арæх. Сæ сæйраг хæс – скъоладзаутæн литературæ бауарзын кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania