филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:35 суббота, 04 мая 2024
19 марта 2024, 12:01
Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы цы æвзарæн хайад уыди, уым сарæзтой бæрæгбоны мадзал

Баст уыди бæстæйы президенты æвзæрстытæ, цæрвкъахæнтæ афæндараст кæнынимæ, стæй Хъырымаг уалдзæджы 10 азимæ

Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы цы æвзарæн хайад уыди, уым сарæзтой бæрæгбоны мадзал. Баст уыди бæстæйы президенты æвзæрстытæ, цæрвкъахæнтæ афæндараст кæнынимæ, стæй Хъырымаг уалдзæджы 10 азимæ. Ахуыргæнæндоны кæрты зæлыдысты алыхуызон зарджытæ, мадзал сæ аивдзинадæй барухс кодтой горæты сывæллæтты сфæлдыстадон къордтæ. Равдыстой цымыдисаг программæ. Сабитæн дзы куыстой аниматортæ. Кæд боны ахаст сæ хæрзтæй нæ уыди, уæддæр, скъолайы цур æрæмбырд бирæ адæм. Æрбацæуджыты суазæг кодтой алыхуызон хойрæгтæй, лауызтæй, адджинæгтæй æмæ хъырымаг тæтæйрæгты национ хæринæгтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania