филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:47 пятница, 19 июня 2026
11 апреля 2025, 10:39
Дзæуджыхъæуы 6-æм скъолайы традицимæ гæсгæ цæуы музыкæйы къуыри

Ацы хатт баст у Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы æмæ Стыр Уæлахизы 80 азимæ

Дзæуджыхъæуы 6-æм скъолайы традицимæ гæсгæ цæуы музыкæйы къуыри. Ацы хатт баст у Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы æмæ Стыр Уæлахизы 80 азимæ. Цалдæр боны рæзгæ фæлтæр æрмæст патриотон зарджытæ нæ зарынц, зонгæ кæнынц сæ историимæ, цымыдисаг хабæрттимæ. Афтæмæй хуыздæр æмбарынц, цы у æцæг патриотизм æмæ советон адæм цавæр стыр аргъ бафыстой, цæмæй Уæлахиз сæ къухы бафта, уый тыххæй. Мадзæлттæй иу баст уыд Гæздæнты 7 хъæбатыр æфсымæры темæимæ. Скъоладзаутимæ фембæлд Дзæрæхмæты чызг Доййаты-Гæздæнты Милæ. Аныхас кодта сывæллæттимæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ та акодтой, йæ цард Фыдыбæстæйы сæраппонд чи радта, уыдоны номыл зарджытæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania