филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:57 воскресенье, 19 мая 2024
01 марта 2023, 11:22
7-æм скъолайы педагог Гæбуты Маринæ нымад æрцыд 2023-æм азы ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæгыл

Йе *мкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Маринæ раззагдæрты æмрæнхъ кæй уыдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодтой

Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы педагог Гæбуты Маринæ нымад æрцыд 2023-æм азы ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæгыл. Йе *мкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Маринæ раззагдæрты æмрæнхъ кæй уыдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодтой. Ахуыргæнæджы дæсныйад сылгоймаг равзæрста йæ мады бафæзмынгæйæ. Архайы, сывæллæттæн йæхи дæнцæгæй æвдисыныл, мадæлон æвзаг царды цы ахсджиаг бынат ахсы, уый. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ног æрмæг хуымæтæджы ма бамбарын кæнын, фæлæ ма сывæллæттæм предметмæ цымыдисдзинад сæвзæрын кæнын. Гæбуты Маринæ йæ куыст ахæм хуызы аразы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй кусы 1992-æм азæй фæстæмæ. Йæ фыццаг урок куы радта, уæд бамбæрста – йæ царды фæндаг ссардта. Уæвгæ, Маринæ йæ мады бафæзмыдта – уый сывæллæттимæ 40 азæй фылдæр фæкуыста.

Цæмæй рæзгæ фæлтæр мадæлон æвзаг зонынмæ тырна, уый тыххæй хъæуы рæстæгимæ æмдзу кæнын. Афтæ хъуыды кæны Гæбуты Маринæ. Йæ алы урочы дæр пайда кæны нымæцон технологитæй. Сæ фæрцы сывæллæттæн ахуыр кæнын цымыдисагдæр у.

Йæ уроктæ кæддæриддæр цæрдæг вæййынц. Ахуырадон процессы алчидæр фæархайы. Сæйрагдæр та – иу сывæллон дæр æнæ зонындзинæдтæй нæ ацæуы. Кæд исчи æрмæг нæ бамбары, уæд Маринæ æнæмæнг фæсурок ссары рæстæг ахуырдзауимæ хицæнæй бакусынæн.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы ном райсыны конкурсы архайдта 25 адæймаджы. Гæбуты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй йæм йæхи сæрмагондæй нæ цæттæ кодта. Кæй фæуæлахиз, уый у йæ фæлтæрддзинады хатдзæг. Йе *мкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Маринæ раззагдæрты æмрæнхъ кæй уыдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодтой.

Конкурсы уæлахиз Маринæйы разæнгард кæны ног бæрзæндтæм. Фæнд кæны, йæ дæсныйады дарддæр размæ цæуын, мадæлон æвзаг уарзыныл ахуыр кæнын ахуырдзауты алы ног фæлтæр дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania