филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:14 понедельник, 06 мая 2024
20 октября 2023, 11:29
Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы арæзт æрцыдысты зындгонд дирижер Руслан Канеевы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ

Гнесины номыл музыкæйы Уæрæсейаг академийы Уырыссаг Концертон оркестр «Академия»-йы аивадон разамонæг студенттæн радзырдта, оркестрæн разамынд растдæр куыд дæттын хъæуы

Дирижеры дæсныйады сусæгдзинæдтæ æмæ техникæ. Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы арæзт æрцыдысты зындгонд дирижер Руслан Канеевы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Гнесины номыл музыкæйы Уæрæсейаг академийы Уырыссаг Концертон оркестр «Академия»-йы аивадон разамонæг студенттæн радзырдта, оркестрæн разамынд растдæр куыд дæттын хъæуы, æмæ дирижеры лæдзæгæй куыд пайда кæнын хъæуы, уый тыххæй. Сфæлдыстадон мадзал арæзт æрцыд, программæ «Новое передвижничество» æххæст кæнгæйæ. Уый у рухстауæн проект. Йæ сæйраг нысан у аивады хæзнатæ парахат кæнын. Проект царды уадзынц 30 азы бæрц. Уыцы мгъуыдмæ йемæ базонгæ сты 100 уæрæсейаг горæтæй фылдæры цæрджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania