60 сывæллоны кадджын уавæры нымад æрцыдысты гимназы ахуырдзаутыл
Дзæуджыхъæуы Алайнаг гимназы уыд фыццагкъласонты бæрæгбон. 60 сывæллоны кадджын уавæры нымад æрцыдысты гимназы ахуырдзаутыл. Ацы бонмæ фенхъæлмæ кæсынц ахуыры райдианæй. Кадджын мадзалы сын лæвæрд æрцæуы сæрмагонд риуылдаргæ нысан. Сывæллæттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ уæлæдарас дæр, стæй ацы нысан сæ разæнгард кæнынц ахуырмæ, æвзæры сæм тырнындзинад æгъдауттæ æххæст кæнынмæ, стæй мадæлон æвзагыл дзурынмæ. Мадзалмæ ахуыргæнджытæ æмæ сæ хъомылгæнинæгтæ бацæттæ кодтой чысыл концертон программæ. Зарыдысты, аив кастысты æмдзæвгæтæ, бацæттæ кодтой театралон скъуыддзæгтæ. Афæдзы æмбисы дæргъы сывæллæттæ архайдтой се скъолайы алы мадзæлтты. Уым раргом кодтой се сфæлдыстадон курдиат æмæ спортивон
арæхстдзинад. Арæхстджындæртæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй.




