филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:53 пятница, 03 мая 2024
27 февраля 2024, 14:51
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд экскурси сывæллæттæн зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады

Равдыстой сын, æрвылбон ахсджиаг хъуыддаг чи æххæст кæны, уыдон цавæр ифтонггæрзтæй пайда кæнынц, уый

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд экскурси сывæллæттæн зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады. Равдыстой сын, æрвылбон ахсджиаг хъуыддаг чи æххæст кæны, уыдон цавæр ифтонггæрзтæй пайда кæнынц, уый. Рæзгæ фæлтæрæн сæ бон сси формæ сæхиуыл абарын, стæй сæрмагод техникæимæ базонгæ уæвын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ацы хай Цæгат Кавказы нымад у, æппæтæй хуыздæр ифтонг чи у, уыдонæй иуыл. Ахæм экскурситæ арæзт фæцæуынц æппынæдзух. Сæ фæрцы сывæллæттæ хуыздæр базонынц ирвæзынгæнæджы дæсныйад.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania