филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:50 суббота, 27 апреля 2024
22 ноября 2023, 11:24
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хъæууонхæдзарадон армукъа

Сæ продукци йæм бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ

Джеоргуыбайы бæрæгбоны кадæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хъæууонхæдзарадон армукъа. Сæ продукци йæм бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ. Фермертæ равæрдтой алывæрсыг æмæ хæрзад товартæ: дыргътæ, халсартæ, стуры дзидза, кæрчытæ, æйчытæ, мыд, кæсаг. Уымæй дарддæр адджинæгтæ æмæ дзулы продукци. Уыимæ продуктты аргъ базары æргътæй уыдысты ныллæгдæр. Армукъа саразыны хъæппæрис,  традицимæ гæсгæ, разынд республикæйы хъæууон хæдзарады министрадмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania