филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:15 воскресенье, 05 мая 2024
20 февраля 2024, 11:54
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд, ног киноныв «Командир»-ы премьерæйы агъоммæ равдыст

Сеансы размæ арæзт æрцыд пресс-конференци

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд, ног киноныв «Командир»-ы премьерæйы агъоммæ равдыст. Ист у æцæг цауты бындурыл. Кинолентæ дзурæг у Советон Цæдисы Хъæбатыр, къорд «Альфа»-йы командæгæнæг Геннадий Зайцевы цардыл æмæ профессионалон архайдыл. Кинонывы сæйрагдæр темæтæй иу у – нæ горæты 1988-æм азы 1-æм декабры террористтæ амынæты кæй бацахстой автобус, 32 сывæллонимæ, сæ ахуыргæнæгимæ, стæй шофыримæ. Геннадий Зайцев уæд æрлæууыд, адæмы суæгъд кæныны операцийы сæргъы. Йæ дæсны архайды фæрцы йын бантыст фыдгæнджыты æрцахсын дæр.

Сеансы размæ арæзт æрцыд пресс-конференци. Архайдтой дзы генералон продюсер, режиссер æмæ сценарийы автор Тимур Хван, дæлхайад «Альфа»-йы ветеранты æппæтадæмон ассоциацийы президент Александр Мирошниченко, стæй сæйраг рольты архайджытæ Кирилл Зайцев æмæ Артем Ткаченко. Фембæлды модератор уыди Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Фидараты Сослан. Уый дæр кинонывы ахъазыд сæйраг рольтæй иу. Стыр экрантæм киноныв «Командир» рацæудзæн 22-æм февралы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania