Уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæг фехъусын кодтой мадзал аразджытæ
6-æй 12-æм июльмæ Дзæуджыхъæуы ацæудзæн æртыккаг æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой». Уый тыххæй пресс-конференцийы рæстæг фехъусын кодтой мадзал аразджытæ. Фестиваль байгом уыдзæн кадджын рацыдæй Сæрибары фæзы. Архайдзысты дзы республикæйы национ-культурон æхсæнадты минæвæрттæ этникон костюмты, театралон æмæ музыкалон къордтæ, цæрджытæ. Парады сæйраг темæтæй иу уыдзæн «Принцесса Турандот». Мадзалы уазджытæм æнхъæлмæ кæсы бирæ цымыдисаг фембæлдтытæ. 7-æм июлæй 11-æм июльмæ æртæ фæзы — Евгений Вахтанговы номыл академион уырыссаг театры, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры æмæ Мариинаг театры филиалы ацæудзæн сæйраг программæ 6 спектаклæй. 12-æм июлы кадджын уавæры фестиваль æхгæд æрцæудзæн, уазæгуаты дзы уыдзысты къорд «Отпетые мошенники» æмæ æндæр зындгонд артисттæ дæр.




