16 марта 2023, 11:32
Дзæуджыхъæуы ацыд æппæтуæрæсеон конкурс «Уæрæсейы афæдзы ахуыргæнæджы» хатдзæгтæгæнæн регионалон къæпхæн
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ финалисттæн скодта ток-шоу
Республикæйы ахуыргæнджыты дæсныйад уæлдæргæнæн институты ацыд æппæтуæрæсеон конкурс «Уæрæсейы афæдзы ахуыргæнæджы» хатдзæгтæгæнæн регионалон къæпхæн. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ финалисттæн скодта ток-шоу. Лæвæрдта сæм ахуырады къабазимæ баст фæрстытæ. Педагогты дзуæппытæн та аргъ кодтой профессионалон жюрийы уæнгтæ. Хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты хæстæгдæр рæстæг, æмæ уый фæстæ сбæрæг уыдзæн афæдзы хуыздæр ахуыргæнæг.
темæмæ гæсгæ