филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 пятница, 03 мая 2024
07 февраля 2023, 11:40
Дзæуджыхъæуы байгом дзуарынывтæ кæныны фыццаг студи

Ахæм хъæппæрис фæзынд Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг Айларты Олланæмæ

Дзæуджыхъæуы байгом дзуарынывтæ кæныны фыццаг студи. Ахæм хъæппæрис фæзынд Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг Айларты Олланæмæ. 11 азы дæргъы чызг æмбырд кодта хъæугæ æрмæджытæ, уый фæстæ йæ курдиатимæ бацыд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасиммæ. Ныр гыццыл, фæлæ райдзаст æрмадзы архайынц 6 чызджы. Сæ куысты тыххæй бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.

Дзуарыныв кæнын хъæуы æнæдзургæйæ – зæгъы Гуыбаты Агуындæ. Ацы хъуыддаджы сæйрагдæр у сыгъдæг зæрдæйæ кусын. Дзуæрттæ ныв кæнын райдыдта 6 мæйы размæ. Йæ ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йын хорз уайы. Уыцы куысты хъуæуы канд нывкæнынад нæ, фæлæ ма сыгъдæг зæрдæйы уаг æмæ хорз ахаст.

Цæгат Ирыстоны фыццаг иконæтæ фыссыны скъола байгом кодта Айларты Олланæ, иконæтæ фыссыны скъолайы Мæскуыйы дины академиимæ рауагъдон. Цæмæй йæ бæллиц сæххæст уа, уый тыххæй йæ бахъуыд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасимы арфæ. 11 азы та йæ курдиатыл куыста æмæ йæ хуыздæр кодта.

Олланæ куыд зæгъы, афтæмæй дзуар нывгæнгæйæ æнæмæнг хъæуы скувын. Уæдæ сæ ахорæнтæ дæр хуымæтæг не сты. Малахит, Лазурь кæнæ æндæр дуртæ ныммур кæнынц, æмæ уыдонæй саразынц ахорæнтæ. Мастер æрыгон нывгæнджыты ахуыр кæны, цæмæй цы дзуæрттæ сныв кодтой, уыдонмæ иу бакастæй æрцæуа скувын. Олланæйы куыстытæ сты Уæрæсейы æмæ Европæйы кувæндæтты. Сæ иу – Мады Майрæмы ныв. Æвзистæй йæ сахуырста зæрингуырд Игорь Алехин. Аланийы дзуарæфтыды 1100 азмæ Олланæ скодта историон сюжетимæ ныв «Аланийы аргъуыд».

Гыццыл, фæлæ райдзаст æрмадзы кусы 6 чызджы. Ис сæм нывгæнæджы дæсныйад. 2 азы æмæ рдæг ахуыр кæндзысты дзуар нывкæнынады фæтк æмæ æгъдау. Уый фæстæ сæ зонындзинæдтæ сын баххуыс кæндзысты скъоламæ бацæуын, Мæскуыйы дины академимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania