филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:38 понедельник, 13 мая 2024
30 августа 2023, 14:02
Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг инæлар-майор, «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» 1-æгæм æмæ 2-æгæм къæпхæны ордены кавалер Дзгойты Барисæн

Службæ кодта Узбекистаны, Венгрийы, Афганистаны, архайдта Чернобылы атомон электростанцæйы аварийы фæстиуджытæ иуаврс кæныны

Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг инæлар-майор, «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» 1-æгæм æмæ 2-æгæм къæпхæны ордены кавалер Дзгойты Барисæн. Службæ кодта Узбекистаны, Венгрийы, Афганистаны, архайдта Чернобылы атомон электростанцæйы аварийы фæстиуджытæ иуаврс кæныны. 1997-æм азы сси Цæгат Ирыстоны граждайнаг хъахъхъæнынады, æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны министрады разамонæг. Дзгойты Барисы цард æнæнхъæлæджы аскъуыд 13 азы размæ, фæлæ йæ ном абон дæр рох нæу.

Бирæ хуызистытæ. Æмæ алкæцыйыл дæр Дзгойты Барис куысты рæстæг. Алыварс пырх бæстыхæйттæ, æмæ сæйраг мæт – уавæр тагъд æмæ ахадгæйæ алыг кæнын. Йæ хъысмæтыл чысыл уæззау цаутæ не рцыд. Чернобылы атомОн электростанцæйы авари, Хъолайы цъитийы рацыд, Беслæны 1-æм скъолайы теракт. Бирæ федта. Фæлæ уый тыххæй никуы дзырдта.

Фæлæ æвирхъау цаутæ уыд. Алкæцыдæр Дзгойты Барисæн йæ бон куыд уыд, афтæ иуварс кодта. Æхсæвæй-бонæй уыд куысты. Нырма сабийæ йæ бæллиц уыд йæ фыды бафæзмынын. Тæхæг суæвын. Йæ къахы цæф æй бахъыгдæрдта. Фæлæ царды йæ бынат ссардта. Æндæр гæнæн нæ уыд. Æдзухдæр цæрдæг æмæ къуылымпытæ нæ уынгæйæ. Барис йæ размæ æвæрд нысанмæ ныфсджынæй цыд.

Химикон службæйы хицау, граждайнаг хъахъхъæнынанды полчы командæгæнæджы хæдивæг, граждайнаг хъахъхъæнынады штабы хицау. Цавæрфæнды бынаты дæр Барис æнæзæрдæхудтæй æххæст кодта йæ хæс, æмæ уыд, цы нæмттæ йын лæвæрд цыд, уыдоны аккаг. Фæлæ сæйрагдæр никуы рох кодта. Фыццаджыдæр, адæймаг уæвын.

Дзгойты Зауырбег: «Хорз зыдта йæ куыст, хорз ахуырад æм уыд. Уыдис, министрад чи арæзта, уыцы хицæуттæй иу. Уыд фыццаг министр. Абон дæр æй хорзæй мысынц. Адæймагæн æхсызгон у. йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд.»

Йæ царды йын чысыл нæ бантыст. Иуварс кодта, дунейы зынгонд æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ, хорзæхгонд уыд алыхуызон хæрзиуджытæй. Дзгойты Барис не хсæн нал ис. Фæлæ йæ ном æнусмæ баззайдзæн йæ уарзон адæмы зæрдæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania